Psalms 102
1Давиды псалом.Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн,арфӕ кӕн, мӕ зӕрдӕ, Йӕ уаз номӕн!
2Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн,
ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хорзӕхтӕ:
3Уый дын хатыр кӕны де’ппӕт азымтӕ,
дзӕбӕх дын кӕны де’ппӕт низтӕ.
4Ирвӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй,
кады худау дӕуӕн —
Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.
5Йӕ лӕвӕрттӕй дӕ ӕфсады,
ӕмӕ цӕргӕсау раздӕхы де’взонгад.
6Рӕстаг сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, —
ӕфхӕрды сӕрыл раст тӕрхон рахӕссы.
7Уый Моисейӕн раргом кодта Йӕ фӕндӕгтӕ,
Израилы байзӕддӕгтӕн — Йӕ хъуыддӕгтӕ.
8Дунедарӕг рӕдау ӕмӕ хатыргӕнаг у,
бирӕ быхсы, ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх.
9Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ,
ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.
10Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ фӕвӕййы,
нӕ азымтӕм гӕсгӕ нын нӕ бафиды.
11Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у,
уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.
12Скӕсӕн ныгуылӕнӕй цас дард у,
уыйас махӕй адард кодта нӕ фыдракӕндтӕ.
13Фыд йӕ хъӕбултыл куыд ауды,
афтӕ ауды Дунедарӕг,
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдоныл.
14Уымӕн ӕмӕ нын зоны не сконд,
сыджыт кӕй стӕм, уый Дзы нӕ рох кӕны.
15Адӕймаджы цард у кӕрдӕджы фӕзындау,
быдираг дидинӕгау бирӕ нӕ ахӕссы.
16Радымы йыл дымгӕ,
ӕмӕ цыдӕр ӕрбавӕййы,
ӕмӕ, кӕм уыд, уыцы бынат дӕр
ничиуал ӕрымысдзӕн.
17Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та
Дунедарӕджы хорзӕхӕй
хайджын уыдзысты мыггагмӕ.
18Хуыцауы фидыд кӕй зӕрдыл лӕууы,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи нӕ рох кӕны
ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны,
уыдонӕн сӕ байзӕддаг
хайджын уыдзысты Йӕ хорзӕхӕй.
19Дунедарӕг Йӕ паддзахы бадӕн
ӕрӕвӕрдта уӕлӕрвты
ӕмӕ паддзахиуӕг кӕны дун-дунейы.
20Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн,
Йӕ хъомысджын зӕдтӕ,
Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ,
Йӕ ныхасмӕ хъусджытӕ.
21Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн,
Йе’ппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ,
Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнӕг лӕггадгӕнджытӕ.
22Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн
Йе’ппӕт фӕлдисӕндтӕ —
Йӕ паддзахады кӕмдӕриддӕр.
Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Хуыцауӕн.
Copyright information for
OssIBT2022