Psalms 103
1Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн!Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, стыр дӕ Ды!
Кад ӕмӕ стырад — Дӕ фӕлыст.
2Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау
ӕмӕ арв айтыгътай цатырау,
3дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ.
Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон,
дымгӕйы базыртыл тӕхыс.
4Дымгӕтау скӕныс Дӕ зӕдты,
зынг ӕмӕ артау — Дӕ лӕггадгӕнджыты.
5Фидар бындурыл ӕрӕвӕрдтай зӕхх
ӕмӕ йӕ бынатӕй никуы фӕиртӕсдзӕн.
6Дарӕсау ӕй ӕрӕмбӕрзтай дӕттӕй
ӕмӕ уыдон хӕхтӕй фӕуӕлдӕр сты.
7Фӕлӕ дӕ хъӕрӕй згъорынмӕ фесты,
лидзынц дӕттӕ Дӕ ныннӕрдӕй.
8Азгъордтой хӕхтыл, ӕркалдысты фӕзмӕ —
Ды сын цы бынат снысан кодтай, уырдӕм.
9Ды уыдонӕн арӕнтӕ скодтай
ӕмӕ сын нӕй ахизӕн сӕ сӕрты,
цӕмӕй зӕхх мауал фӕдӕлдон кӕной.
10Суадӕттӕ ауадзыс дӕлвӕзты
ӕмӕ атындзынц хӕхты’хсӕнты.
11Ӕфсадынц донӕй ӕппӕт быдираг сырдты,
хъӕддаг хӕрӕг суадзы йӕ дойны.
12Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ,
сыфтӕрты’хсӕнӕй хъуысы сӕ зарын.
13Ды Дӕ бӕрзӕндӕй донхорыг кӕныс хӕхтӕ,
зӕхх дӕр Дӕ фӕрцы у ӕфсӕст.
14Кӕрдӕг ӕрзайын кӕныс фосӕн,
зайӕгхӕлттӕ — адӕмы пайдайӕн,
цӕмӕй зӕххӕй амал кӕной хойраг:
15адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн,
стӕй сой, йӕ цӕсгом цӕхӕр кӕмӕй калы;
адӕймагӕн хъару дӕттӕг дзул.
16Донӕфсӕст сты
Дунедарӕджы бӕлӕстӕ,
ливайнаг кедртӕ —
Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыдон.
17Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц,
нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.
18Хӕхты рӕгътӕ — сычъиты цӕрӕн,
къӕдзӕхты скъуыдтӕ — даманы бынат.
19Ды сфӕлдыстай мӕй, цӕмӕй рӕстӕг ӕвдиса,
хурӕн бӕлвырд у йӕ ныгуылӕн афон.
20Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв,
хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.
21Цуангӕнӕг домбӕйттӕ рыхынц —
амӕттаг курынц Хуыцауӕй.
22Хур куы скӕса, уӕд сӕхи айсдзысты,
схуысдзысты сӕ хуыккомы.
23Адӕймаг йӕ куысты сӕр ӕрлӕууы
ӕмӕ изӕрмилтӕм йӕ астӕу нӕ раст кӕны.
24Куыд бирӕ сты, Дунедарӕг, Дӕ хъуыддӕгтӕ,
ӕппӕтдӕр сфӕлдыстай Дӕ уӕлзонды фӕрцы!
Дӕ фӕлдисӕндтӕй йемыдзаг у зӕхх.
25Уый дын мӕнӕ стыр ӕмӕ ӕгӕрон денджыз,
йӕ мидӕг нымӕц дӕр нӕй змӕлӕгойтӕн,
стыр ӕмӕ гыццыл цӕрӕгойтӕн.
26Уым наутӕ дыууӕрдӕм кӕнынц,
уым Де сфӕлдыст Левиафан
хъазы йӕхицӕн.
27Се’ппӕтӕн дӕр сӕ каст Дӕумӕ у —
цӕмӕй сын афоныл радтай хӕринаг.
28Ды сын дӕттыс, ӕмӕ уыдон хӕрынц,
байгом кӕныс Дӕ арм ӕмӕ уыдон бафсӕдынц.
29Де’ргом сӕ куы аздахыс,
уӕд схъомпал вӕййынц.
Сӕ комулӕфт сын куы айсыс,
уӕд ӕрбамӕлынц
ӕмӕ та ногӕй сыджыт фестынц.
30Дӕ Уд куы рарвитыс, уӕд сӕвзӕрынц.
Афтӕ Ды сног кӕныс Зӕххы уӕлцъар.
31Кад уӕд Дунедарӕгӕн мыггагмӕ!
Райӕд Йӕ фӕлдисӕндтӕй!
32Уый ӕркӕсы зӕхмӕ,
ӕмӕ зӕхх нырризы.
Хӕхтӕм фӕцагайы
ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕлы.
33Дунедарӕгыл зардзынӕн,
цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ,
мӕ Хуыцауы стаудзынӕн,
цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ.
34Мӕ зарӕг Ын уӕд ӕхцон,
ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл.
35Тӕригъӕдджынтӕ фесӕфӕнт зӕххӕй,
мауал фӕзынӕнт ӕнаккӕгтӕ!
Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕн, мӕ уд!
Алелуйа! ▼
▼Алелуйа — дзуттагау «стаут Хуыцауы»; цины хъӕр Хуыцауы кадӕн.
Copyright information for
OssIBT2022