‏ Psalms 107

1Зарӕг. Давиды псалом.

2О Хуыцау, мӕ зӕрдӕ фӕфидар ис,
зардзӕни мӕ уд
ӕмӕ Дӕ стаудзӕни зарӕджы зӕлтӕй!
3Райхъал ут, дыууадӕстӕнон ӕмӕ хъисфӕндыр!
Ӕз райхъал кӕндзынӕн сӕуӕхсид!
4Ӕппӕт адӕмтӕн Дӕ стаудзынӕн, о Дунедарӕг,
зардзынӕн Дын алы знӕмты’хсӕн!
5Арвӕй уӕлдӕр у Дӕ хорзӕх,
ӕврӕгъты онг — Дӕ иузӕрдиондзинад!
6Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, Хуыцау,
тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!

7Цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм сӕрӕгасӕй баззайой,
уый тыххӕй сӕ фервӕзын кӕн
Дӕ рахиз къухы хъомысӕй!
Ратт мын дзуапп!

8Хуыцау загъта Йӕ рухс Кувӕндоны:
«Цинӕй райдзынӕн Мӕ уӕлахизыл
ӕмӕ Мӕ адӕмыл байуардзынӕн Шехемы зӕхх,
абардзынӕн сын Суккоты дӕлвӕз дӕр.
9Мӕн у Галаад,
Менассиа дӕр — Мӕн,
Ефрем у Ме згъӕрхуд,
Иудей — Мӕ паддзахы лӕдзӕг,
10Моав — Мӕ хихсӕн тас.
Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл,
уӕлахизы хъӕр ныккӕндзынӕн
Филистимы сӕрмӕ!»

11Чи мӕ бакӕндзӕни бырухгӕд сахармӕ?
Едомы ныхмӕ мӕ хӕстон балцы чи акӕндзӕн?
12Ды ныл, Хуыцау, куы атигъ кодтай Дӕхи!
Не’фсӕдты сӕргъы куынӕуал цӕуыс хӕстмӕ!
13Ахъаз нын бакӕн, цӕмӕй не знагыл фӕуӕлахиз уӕм,
уымӕн ӕмӕ адӕймагыл зӕрдӕдарӕн нӕй.
14Хуыцауы фӕрцы фӕтых уыдзыстӕм не знӕгтыл,
фӕуӕлахиз сыл уыдзӕн Уый.
Copyright information for OssIBT2022