‏ Psalms 112

1Алелуйа! Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, Йӕ цагъартӕ,
Дунедарӕджы номӕй ӕппӕлут.
2Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы ном
ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр!
3Дунедарӕджы ном кадджын уӕд
скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ!
4Бӕрзонд у Дунедарӕг ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ,
арвӕй уӕлдӕр — Йӕ кад.
5Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕм ис?
Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд у,
6фӕлӕ ӕркӕсы, арв ӕмӕ зӕххыл цытӕ цӕуы, уымӕ.
7Уый зӕххы рыгӕй сисы мӕгуыры,
фӕныкӕй сисы гӕвзыччы,
8цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна ӕлдӕрттимӕ,
йӕ адӕмы уӕздӕттимӕ;
9ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн
хъӕбулы амонд ратты.
Алелуйа!
Copyright information for OssIBT2022