‏ Psalms 117

1Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн,
уымӕн ӕмӕ Уый хӕрзаудӕг у,
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2Зӕгъӕд Израил:
«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
3Зӕгъӕд Аароны хӕдзар:
«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
4Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон зӕгъӕнт:
«Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».
5Мӕ тыхсты рӕстӕг
Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон,
ӕмӕ мӕ Уый ракодта тыгъдадмӕ.
6Дунедарӕг мӕ фарс у,
ӕмӕ ӕз нӕ фӕтӕрсдзынӕн:
цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?
7Дунедарӕг мын ӕххуыс кӕны,
ӕмӕ ме знӕгтӕм ӕдӕрсгӕйӕ кӕсдзынӕн.
8Адӕймагӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты
Дунедарӕгыл зӕрдӕ дарын — хуыздӕр.
9Барджынтӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты
Дунедарӕгыл зӕрдӕ дарын — хуыздӕр.
10Ӕрӕмбырд мыл сты ӕппӕт адӕмтӕ,
фӕлӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй басастон;
11ӕртыхстысты мыл, ӕрӕмбырд мыл сты,
фӕлӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй басастон.
12Ӕртыхстысты мыл мыдыбындзытау,
фӕлӕ сындзкъутӕры артау бамынӕг сты:
Дунедарӕджы номӕй сӕ басастон.
13Куыд ахауон, афтӕ мӕ фесхуыстой,
фӕлӕ мӕ Дунедарӕг фӕцудын нӕ бауагъта.
14Дунедарӕг — мӕ тых, мӕ зарӕг;
мӕ ирвӕзынгӕнӕг Уый у.
15Рӕстудты цатыртӕй хъуысынц
цин ӕмӕ уӕлахизы хъӕртӕ,
Дунедарӕг Йӕ рахиз къухы хъомыс равдыста!
16Дунедарӕджы рахиз къух бӕрзонд у,
Дунедарӕджы рахиз къух ӕвдисы Йӕ хъару!
17Нӕ, ӕз нӕ амӕлдзынӕн,
мӕ удӕгасӕй хъусын кӕндзынӕн
Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ.
18Карз мӕ бафхӕрдта Дунедарӕг,
фӕлӕ мӕ мӕлӕты къухмӕ нӕ радта.
19Рӕстады кулдуар мын бакӕнут —
ӕз бацӕуон ӕмӕ Дунедарӕджы сыстауон.
20Мӕнӕ Дунедарӕджы кулдуар,
рӕстгӕнджытӕ йыл бахиздзысты.
21Стауын Дӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ фехъуыстай,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг сдӕ.
22Аразджытӕ цы дурыл нӕ баввӕрсыдысты,
уый сси фисыны сӕйраг дур:
23уый Дунедарӕг сарӕзта,
ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм.
24Ацы бон Дунедарӕг сфӕлдыста:
цин кӕнӕм, скӕнӕм бӕрӕгбон!
25Дунедарӕг, фервӕзын нӕ кӕн!
Дунедарӕг, баххуыс кӕн!
26Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы номӕй ӕрцӕуӕг!
Арфӕ уын кӕнӕм Дунедарӕджы хӕдзарӕй!
27Хуыцау у Дунедарӕг,
ӕмӕ нӕ Уый срухс кодта Йӕ рухсӕй.
Сбӕттут бӕндӕнтӕй бӕрӕгбоны нывонды,
ӕрбахӕссут ӕй нывондхӕссӕнмӕ.
28Ды мӕ Хуыцау дӕ, ӕмӕ Дын кад кӕндзынӕн,
Ды мӕ Хуыцау дӕ, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн.
29Кад кӕнут Дунедарӕгӕн,
уымӕн ӕмӕ Уый хӕларзӕрдӕ у,
Йӕ хорзӕх ӕнусон у.
Copyright information for OssIBT2022