Psalms 118
1Тӕхудиаг сты уыдон,сӕ фӕндаг ӕнӕкъӕм кӕмӕн у,
Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.
2Тӕхудиаг сты,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи ӕххӕст кӕны,
зӕрдиагӕй Йӕ чи агуры,
3фыддзинад чи нӕ кӕны
ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы.
4Ды бафӕдзӕхстай,
Дӕ амындтытӕ арф ӕвӕрд куыд уой зӕрдӕйы.
5Тӕхуды, ӕз ахӕм фӕндӕгтыл куы цӕуин,
цӕмӕй Дын ӕххӕст кӕнон Дӕ уагӕвӕрдтӕ!
6Уӕд ӕз къӕмдзӕстыг нӕ уаин,
Де’ппӕт фӕдзӕхстытӕм кӕсгӕйӕ.
7Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Дӕ стауин,
Дӕ раст уынаффӕтыл ахуыр кӕнин.
8Ӕз ӕххӕст кӕндзынӕн дӕ уагӕвӕрдтӕ;
бынтон мӕ ма ныууадз.
9Ӕрыгон лӕппу куыд бахъахъхъӕна
сыгъдӕгӕй йӕ фӕндаг?
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрӕд.
10Агурын дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ,
ма мӕ бауадз Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхын.
11Ӕз мӕ зӕрдӕйы рӕбын бавӕрдтон Дӕ ныхас,
цӕмӕй Дӕ разы тӕригъӕд ма ракӕнон.
12Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг!
Бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
13Ӕз хъусын кӕнын
Дӕуӕй рацӕугӕ ӕппӕт уынаффӕтӕ.
14Цыфӕнды мулкӕй стырдӕр цин мӕнӕн —
Дӕ уынаффӕты фӕндагыл цӕуын.
15Мӕ хъуыдытӕ сты Дӕ фӕдзӕхстытыл,
Дӕ амынд фӕндӕгтӕм кӕсын.
16Ӕхцон мын сты уагӕвӕрдтӕ,
Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.
17Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх мӕ уӕд,
ӕмӕ цӕргӕбонты ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхас.
18Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ,
ӕмӕ фенон Де’Гъдауы диссӕгтӕ.
19Уазӕг дӕн ӕз ацы зӕххыл,
ма мӕ’мбӕхс Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
20Бастади мӕ уд,
ӕдзух Дӕ раст тӕрхонмӕ бӕлгӕйӕ.
21Ды ӕрцахуыр кодтай сӕрыстырты.
Ды ралгъыстай, Дӕ фӕдзӕхстытыл
йӕ къух чи ауыгъта, уыдоны.
22Хынджылӕггаг ӕмӕ мын аллайаг ма фӕкӕн мӕ сӕр,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын.
23Уӕздӕттӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц,
ӕз та, Дӕ цагъар, хъуыды кӕнын Де’Гъдауыл.
24Дӕ уагӕвӕрдтӕ цин хӕссынц мӕнӕн,
уынаффӕгӕнӕг мын сты уыдон.
25Бартхутӕг ис мӕ уд,
райгас мӕ кӕн Дӕ ныхасӕй.
26Мӕ фӕндӕгтӕ Дын раргом кодтон ӕз,
ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай;
сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.
27Дӕ уынаффӕты фӕндаг мын бамбарын кӕн,
ӕмӕ ӕз хъуыды кӕндзынӕн Дӕ диссӕгтыл.
28Мӕты бацыд мӕ уд,
сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
29Мӕнгдзинады фӕндагӕй мӕ бахиз,
Де’Гъдау мын балӕвар кӕн.
30Ӕцӕгады фӕндаг равзӕрстон мӕхицӕн,
мӕ цӕстӕнгас Дӕ раст тӕрхонмӕ сарӕзтон.
31Дӕ ныстуантыл лӕууы мӕ уд,
ма мӕ фегад кӕн, Дунедарӕг.
32Дӕ амынд фӕндагыл згъордзынӕн ӕз;
мӕ зӕрдӕйӕн фӕндагамонӕг Ды дӕ.
33Сараз мӕ, Дунедарӕг, Дӕ фӕндагыл,
ӕмӕ дзы ӕз ничердӕм фӕзилдзынӕн.
34Ӕмбарынад мын ратт,
ӕмӕ ӕз ӕххӕст кӕндзынӕн Де’Гъдау,
мӕ зӕрдӕйы рӕбын ӕй дардзынӕн.
35Дӕ фӕдзӕхстыты фӕндагыл мӕ ахон,
уымӕн ӕмӕ уый бӕллиццаг у мӕнӕн.
36Мӕ зӕрдӕ мын пайдамондагӕй бахиз
ӕмӕ йӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕм аздах.
37Мӕнг цы у, уыдӕттӕй мын мӕ цӕстӕнгас аздах
ӕмӕ мын цард балӕвар кӕн Дӕ фӕндагыл.
38Дӕ цагъарӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн,
цӕмӕй иннӕтӕ дӕр аргъуыц кӕной Дӕ разы.
39Дӕ уынаффӕты фарн ис,
ӕмӕ мӕ бахиз, цы худинагӕй тӕрсын, уымӕй.
40Дӕ уынаффӕтӕм Дын бӕллын,
Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ мын цард балӕвар кӕн.
41О Дунедарӕг, Дӕ хӕрзтӕй мӕ схайджын кӕн,
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ мӕ фервӕзын кӕн,
42ӕмӕ ӕз дзуапп ратдзынӕн мӕ фыдгойгӕнджытӕн,
уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.
43Ма мын фӕмӕнг кӕн мӕ ныхас —
Дӕ раст тӕрхонӕй ныфс ӕвӕрын мӕхицӕн
44ӕмӕ Де’Гъдау ӕххӕст кӕндзынӕн кӕддӕриддӕр,
мыггагӕй мыггагмӕ.
45Сӕрибарӕй цӕудзынӕн ӕз,
уымӕн ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ бацагуырдтон.
46Дзурдзынӕн паддзӕхтӕн Дӕ ныстуантӕ
ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн.
47Ӕхцон мын сты Дӕ фӕдзӕхстытӕ,
уымӕн ӕмӕ мын уарзон сты.
48Дӕ фӕдзӕхстытӕм иваздзынӕн мӕ цӕнгтӕ,
уымӕн ӕмӕ сӕ бауарзтон,
хъуыды кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.
49Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн,
мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн, цы ныхас загътай, уый,
цӕмӕй мын уыцы дзырд ныфсӕвӕрӕн суа.
50Мӕ сау бон мӕ уыцы ныхас барӕвдаудзӕн,
Дӕ ныхас мӕ раздахдзӕни цардмӕ.
51Сӕхи мыл худӕгӕй хӕссынц хъалтӕ,
фӕлӕ ӕз Де’Гъдауыл
никуы атигъ кодтон мӕхи.
52О Дунедарӕг, мӕ зӕрдыл дарын
Дӕ рагон ӕгъдӕуттӕ
ӕмӕ мын ныфсы хос сты уыдон.
53Де’Гъдауыл йӕ къух чи ауыгъта,
уыцы ӕнаккӕгтӕм кӕсгӕйӕ,
мӕ сӕры хъуын арц слӕууы.
54Кӕйдӕр зӕххыл мын фыдыбӕсты зарӕг
басгуыхтысты Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
55Ӕхсӕвыгӕтты ӕрымысын Дӕ ном, Дунедарӕг,
ӕз Де’Гъдауыл хӕцын.
56Уый мын сси царды фӕтк —
Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.
57Дӕ ныхас Дын ӕххӕст кӕнын ӕмӕ дзурын:
«Дунедарӕг — мӕ исбон».
58Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дӕ курын,
батӕригъӕд мын кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.
59Мӕ фӕндӕгтыл ныссагъӕс кодтон,
мӕ къахдзӕфтӕ Дӕ амындтытӕм сарӕзтон.
60Ӕз тагъд кодтон
Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕвӕстиатӕй ӕххӕст кӕнынмӕ.
61Ӕнӕхуыцӕутты ахӕсты фӕдӕн,
фӕлӕ Де’Гъдау рохуаты нӕ ныууагътон.
62Ӕмбисӕхсӕв рабадын, цӕмӕй Дын скад кӕнон
Дӕ раст тӕрхӕтты тыххӕй.
63Дӕуӕй чи тӕрсы ӕмӕ Дын Дӕ уынаффӕтӕ
чи ӕххӕст кӕны — хӕлар дӕн ӕз ӕппӕт уыдонӕн.
64Дунедарӕг, йемыдзаг у зӕхх Дӕ уарзтӕй,
бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
65Мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн,
Ды саккаг кодтай Дӕ хӕрзтӕ —
Дӕ дзырдмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг.
66Хорз зонд мын бацамон ӕмӕ мӕ скӕн ӕмбаргӕ,
срухс мын кӕн мӕ зонд,
мӕ зӕрдӕ мын байгом кӕн зондӕн,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытыл ӕууӕндын.
67Мӕ хъизӕмӕртты агъоммӕ
ӕз адзӕгъӕл дӕн рӕдыд фӕндагыл,
ныр та ӕххӕст кӕнын Дӕ дзырд.
68Хӕрзаудӕг ӕмӕ хӕрзгӕнӕг дӕ Ды,
Дӕ уагӕвӕрдтӕ мын бацамон.
69Хъалтӕ мыл тауыстӕ кӕнынц,
ӕз та зӕрдиагӕй
ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
70Уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ
фыр нӕрдӕй фиу сӕвӕрдтой,
мӕнӕн та мӕ зӕрдӕ Де’Гъдауыл лӕууы.
71Хуыздӕрӕн мын уыдысты мӕ хъизӕмӕрттӕ,
цӕмӕй Дӕ уагӕвӕрдтыл сахуыр уон.
72Дӕ дзыхӕй рацӕугӕ Ӕгъдау мын
ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины
мингай къӕрттытӕй зынаргъдӕр у.
73Дӕ къухтӕ мӕ сфӕлдыстой
ӕмӕ рантыстын кодтой;
зонд мын бацамон,
ӕмӕ ӕз бамбарон Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
74Дӕ тас кӕй ис,
уыдонӕн ӕхсызгон уыдзӕн мӕ уынд,
уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын Дӕ ныхӕстыл.
75Зонын, Дунедарӕг, Дӕ тӕрхӕттӕ рӕстаг сты —
афтӕ мын хъуыд, ӕмӕ мӕ уымӕн бафхӕрдтай.
76Дӕ хорзӕх мӕ уӕд ныр,
Ды мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн,
зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.
77Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, ӕмӕ цӕрдзынӕн,
Де’Гъдауыл лӕууы мӕ уд.
78Ӕнаххосӕй мӕ чи ӕфхӕрдта —
сӕгад уыдзысты уыцы ӕнӕввӕрсонтӕ,
ӕз та хъуыды кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.
79Ӕрбалӕудзысты мӕ фарсмӕ,
Дӕ тас кӕй ис
ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ чи зоны, уыдон.
80Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ
ӕнаипп уӕд мӕ зӕрдӕ,
ӕмӕ уӕд нӕ фегад уыдзынӕн.
81Утӕхсӕн кӕны мӕ уд,
Дӕ ирвӕзындзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ;
мӕ зӕрдӕ дарын Дӕ ныхасыл.
82Мӕ цӕстытӕ ныуурс сты Дӕ дзуапмӕ,
фӕзӕгъын ӕз:
«Мӕ зӕрдӕ мын кӕд фӕлӕууын кӕндзынӕ?»
83Фӕздӕгдзыд лалымӕй уӕлдай нал дӕн,
фӕлӕ нӕ ферох кодтон Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
84Дӕ цагъарӕн ма цас баззади йӕ царды бонтӕй?
Мӕ сурджытӕн кӕд стӕрхон кӕндзынӕ?
85Сӕрыстыртӕ мын ингӕн скъахтой,
Де’Гъдау сӕм нымады дӕр нӕу.
86Дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕцӕг сты;
ӕнаххосӕй мӕ сурынц, баххуыс мын кӕн!
87Чысыл ма хъӕуа, фесафой мӕ зӕххы цъарӕй,
фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ныууагътон.
88Дӕ хорзӕх мӕ уӕд,
ӕмӕ мын цард балӕвар кӕн,
цӕмӕй Дӕ уагӕвӕрдтӕ
ӕххӕст кӕнон мӕ царды.
89Дӕ ныхас, о Дунедарӕг,
мыггамӕ фидаргонд у уӕлӕрвты.
90Дӕ иузӕрдиондзинад — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
Ды сфидар кодтай зӕхх, ӕмӕ лӕууы.
91Дӕ дзырдӕй лӕууы алцы нырмӕ,
алцы Дӕуӕн лӕггад кӕны.
92Де’Гъдауыл куынӕ лӕууид мӕ зӕрдӕ,
уӕд ӕз мӕ фыдбылызты бабын уыдаин.
93Мыггагмӕ мӕ зӕрдыл дардзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ —
цард мын уыдоны фӕрцы дӕттыс.
94Дӕу дӕн ӕз, фервӕзын мӕ кӕн —
Дӕ уагӕвӕрдтӕм у ме скаст.
95Ӕнаккӕгтӕ бабадтысты мӕ размӕ,
цӕмӕй мӕ фесафой,
ӕз та арфдӕр хъуыды кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтыл.
96Ӕххӕст цыдӕриддӕр у —
алцӕмӕн дӕр ис кӕрон,
ӕнӕкӕрон сты ӕрмӕст Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
97Куыд Дын уарзын Де’Гъдау!
Бон-сауизӕрмӕ йыл хъуыды кӕнын.
98Ӕдзухдӕр мемӕ ис Дӕ фӕдзӕхст —
уый фӕрцы мыл зондӕй
нӕ фӕтых сты ме знӕгтӕ.
99Ӕз мӕ ахуыргӕнджыты се’ппӕты дӕр
амбылдтон зондӕй,
уымӕн ӕмӕ Дӕ дзырд
никуы схицӕн мӕ хъуыдыйӕ.
100Ӕз ӕмбаргӕдӕр дӕн кардзыдтӕй,
уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
101Мӕхи хизын алы фыдвӕндагӕй,
цӕмӕй коммӕгӕс уон Дӕ ныхасӕн.
102Дӕ уынаффӕтӕй иуварс не здӕхын,
уымӕн ӕмӕ Ды ахуыр кӕныс мӕн.
103Куыд ӕхцон сты ме’взагӕн Дӕ ныхӕстӕ,
уыдон мӕ комы адджындӕр сты мыдӕй!
104Дӕ амындтытӕ мӕ скӕнынц ӕмбаргӕ,
уымӕ гӕсгӕ мын ӕнӕуынон у
мӕнгдзинады алы фӕндаг дӕр.
105Дӕ ныхас мӕ развӕдӕн — цырагъау,
рухс мын кӕны мӕ фӕндаг.
106Ӕз сомы бакодтон
Дӕ рӕстаг ӕгъдӕуттӕ мӕ зӕрдӕйы хӕссынӕй,
ӕмӕ мӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕн.
107Уӕззау ӕфхӕрд баййӕфтон;
цард мын балӕвар кӕн
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг.
108Мӕ комӕй мын мӕ бархийы нывонд айс,
сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл, Дунедарӕг.
109Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси мӕ уд,
фӕлӕ нӕ ферох кодтон Де’Гъдау.
110Ӕнаккӕгтӕ мын ахсӕн хыз
сӕвӕрдтой мӕ размӕ,
фӕлӕ ӕз нӕ ахызтӕн
Дӕ амындтыты сӕрты.
111Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ исбон сты мыггагмӕ,
уыдон сты мӕ зӕрдӕйы цин.
112Ӕз сфӕнд кодтон мыггагмӕ
Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.
113Дыдзӕсгӕмттӕ ӕнӕуынон сты мӕнӕн,
Де’Гъдау та Дын уарзын.
114Ды мӕнӕн — ме’мбӕхсӕн мӕсыг,
Дӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.
115Фыдгӕнджытӕ, ацӕут мӕ разӕй,
мӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзынӕн.
116Фӕфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ,
ӕмӕ цӕрдзынӕн;
мӕхицӕн ныфс цӕмӕй ӕвӕрын,
уымӕй мӕ фыдӕнхъӕл ма фӕкӕн.
117Ме’нцой фӕлӕуу, цӕмӕй фервӕзон,
ӕмӕ ӕдзух ахуыр кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
118Дӕ уагӕвӕрдты сӕрты чи ахызти,
уыдоныл Ды атигъ кодтай Дӕхи,
уымӕн ӕмӕ сӕ хинвӕндтӕ мӕнгард сты.
119Ды цъӕмӕлтау аиуварс кодтай
ӕгас зӕххы фыдлӕгты,
мӕнӕн та уарзон сты Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
120Ризы мӕ буар фыр тӕссӕй Дӕ разы,
тӕрсын Дӕ тӕрхонӕй.
121Ӕз цардтӕн Ӕгъдау ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ,
ме знӕгты къухтӕм мӕ ма ратт.
122Дӕ цагъарӕн фӕрныгадӕй ныфс бавӕр,
хъалтӕ мӕ куыннӕ ӕфхӕрой, афтӕ.
123Ныуурс сты мӕ цӕстытӕ Де’ххуысмӕ,
Дӕ раст тӕрхоны уынаффӕмӕ.
124Дӕ хорзӕхӕй схайджын кӕн Дӕ цагъары,
Дӕ уагӕвӕрдтыл мӕ сахуыр кӕн.
125Дӕ цагъар дӕн ӕз, скӕн мӕ ӕмбаргӕ
ӕмӕ Дын ӕз Дӕ амындтытӕ базонон.
126Ралӕууыд Дунедарӕгӕн
Йӕ хъомыс равдисыны афон —
Де’Гъдауыл дын балӕгӕрстой къахӕй.
127Мӕнӕн та Дӕ фӕдзӕхстытӕ
ӕхцондӕр сты сыгъзӕринӕй,
сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.
128Ӕз Де’ппӕт уынаффӕтӕ растыл нымайын —
цавӕрфӕнды мӕнгдзинады фӕндаг дӕр
ӕнӕуынон у мӕнӕн.
129Дӕ уагӕвӕрдтӕ диссаг сты,
уымӕн сӕ дарын мӕ зӕрдӕйы.
130Дӕ дзырды раргом тауы рухс,
хуымӕтӕг адӕмы скӕны ӕмбаргӕ.
131Адӕргӕй мын улӕфт нал фаг кӕны,
афтӕ бӕллын Дӕ фӕдзӕхстытӕм.
132Ӕркӕс мӕм ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн,
Дӕ ном чи уарзы, ӕппӕт уыдонау.
133Дӕ ныхасӕй мын сфидар кӕн мӕ къахдзӕфтӕ,
фыддзинады амӕттаг мӕ ма фӕкӕн.
134Адӕмы ӕфхӕрдӕй мӕ бахиз,
ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
135Срухс кӕн Дӕ цагъары Дӕ цӕсгомы рухсӕй,
Дӕ уагӕвӕрдтӕ мын раргом кӕн.
136Адӕм не’ххӕст кӕнынц Де’Гъдау,
ӕмӕ уый тыххӕй мӕ цӕстытӕй кӕлынц
цӕссыджы суадӕттӕ.
137Рӕстаг дӕ Ды, Дунедарӕг,
ӕмӕ раст сты Дӕ уынаффӕтӕ.
138Дӕ фӕдзӕхстытӕ раст сты,
сӕ бындуры — ӕххӕст ӕцӕгад.
139Мастӕй мӕ зӕрдӕ йедзаг у,
уымӕн ӕмӕ мӕ фыдгултӕй
ферох сты Дӕ ныхӕстӕ.
140Сыгъдӕг згъӕрау у Дӕ дзырд
ӕмӕ йӕ уарзын ӕз, Дӕ цагъар.
141Ӕз ницӕйаг ӕмӕ ӕлгъаг дӕн,
фӕлӕ нӕ ферох кодтон Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
142Дӕ рӕстдзинад — ӕнусон рӕстдзинад,
Де’Гъдау — ӕцӕгдзинад.
143Маст ӕмӕ бӕллӕхы бын фӕдӕн,
фӕлӕ мын Дӕ фӕдзӕхстытӕ цин хӕссынц.
144Дӕ уынаффӕтӕ раст сты мыггагмӕ,
ӕмбарынад мын ратт, ӕмӕ цӕрон.
145Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дӕм дзыназын:
фехъус мӕ, о Дунедарӕг,
ӕмӕ уыдзынӕн коммӕгӕс Дӕ уагӕвӕрдтӕн.
146Кувын Дӕм: фервӕзын мӕ кӕн,
ӕмӕ Дын ӕз ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.
147Боныцъӕхтӕй раздӕр Дӕм
ӕххуысагур дзыназын ӕз,
Дӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.
148Хурыскастмӕ дӕр нал фӕлӕууын,
ӕхсӕвдарӕй хъуыды кӕнын Дӕ ныхасыл.
149Дунедарӕг, фехъус мын мӕ хъӕлӕс
Де стыр хорзӕхы фӕрцы,
ӕмӕ мын цард балӕвар кӕн
Дӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ.
150Ӕрбаввахс сты фыдгӕнджытӕ;
куыд дард сты уыдон Де’Гъдауӕй!
151Хӕстӕг дӕ Ды, Дунедарӕг,
ӕцӕгдзинад ис Де’ппӕт фӕдзӕхстыты.
152Рагӕй мын зындгонд сты Дӕ уагӕвӕрдтӕ,
Ды сӕ сфидар кодтай мыггагмӕ.
153Ӕркӕс мын мӕ дудгӕбонмӕ
ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн,
уымӕн ӕмӕ Дын ӕз Де’Гъдау нӕ ферох кодтон.
154Мӕ хъуыддаг мын равзар,
бахъахъхъӕн мӕ ӕмӕ мын царды бонтӕ балӕвар кӕн.
155Ӕнӕхуыцӕуттӕй ирвӕзындзинад дард у —
уыдон Дӕ уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц.
156О Дунедарӕг, нӕй кӕрон дӕ хӕрзтӕн;
царды бонтӕ мын балӕвар кӕн
Дӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ.
157Мӕ сурджытӕ ӕмӕ мӕ фыдгултӕ бирӕ сты,
фӕлӕ иуварс не здӕхын Дӕ уагӕвӕрдтӕй.
158Ӕлгъаг мын сты, Дӕу чи ныууагъта,
Дӕ ныхасӕн Дын коммӕгӕс чи нӕу, уыдон.
159Ӕркӕс, куыд уарзон сты мӕнӕн
Дӕ фӕдзӕхстытӕ, Дунедарӕг!
Царды бонтӕ мын балӕвар кӕн
Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ.
160Дӕ ныхасы бындур — ӕцӕгад,
ӕнусон ӕмӕ раст сты Дӕ тӕрхӕттӕ.
161Ӕнаххосӕй мӕ фӕдыл зилынц ӕлдӕрттӕ,
фӕлӕ мӕ зӕрдӕ аргъуыц кӕны Дӕ дзырды раз.
162Ӕз цин кӕнын Дӕ ныхасыл
раст цыма стыр ӕфтиаг райстон, уыйау.
163Мӕнгдзинад мын ӕнӕуынон, ӕлгъаг у,
Де’Гъдау та Дын уарзын.
164Бон авд хатты кад кӕнын Дӕуӕн
Дӕ раст тӕрхӕтты тыххӕй.
165Фарн ис, Де’Гъдау чи уарзы, уыдонимӕ,
ӕмӕ сын фӕцудынӕй тас нӕу.
166Дӕ ирвӕзындзинадыл дарын мӕ зӕрдӕ, Дунедарӕг,
ӕххӕст кӕнын Дӕ фӕдзӕхстытӕ.
167Мӕ уды рӕбын хъахъхъӕнын Дӕ фӕдзӕхстытӕ,
ӕмӕ сӕ уарзын ӕппӕт зӕрдӕйӕ.
168Ӕххӕст кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтӕ
ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ,
мӕ алы фӕндаг — Дӕ цӕстыты раз.
169О Дунедарӕг, мӕ дзыназын мын фехъус
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ мын ӕмбарынад ратт.
170Айс мын мӕ куывд,
Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ мӕ фервӕзын кӕн.
171Мӕ комӕй стауӕн ныхас рацӕудзӕн,
Де’гъдӕуттӕ мын куы бацамонай, уӕд.
172Ме’взагӕй райхъуысдзӕни Дӕ дзырд,
уымӕн ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр раст сты.
173Дӕ цонг мын ӕххуысгӕнӕг уӕд,
Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.
174Дунедарӕг, Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕллын,
Де’Гъдауӕй ныфс ӕвӕрын мӕхицӕн.
175Цӕрӕд мӕ уд ӕмӕ Дӕ стауӕд,
ӕххуысгӕнӕг мын уӕд Дӕ уынаффӕтӕ.
176Ӕз фӕндаг нал арын дзӕгъӕл фысау.
Дӕ цагъары ӕрцагур, уымӕн ӕмӕ
Дӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ ферох кодтон ӕз.
Copyright information for
OssIBT2022