‏ Psalms 119

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

Мӕ тыхсты сахат Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон,
ӕмӕ мын Уый дзуапп радта.
2Ӕз загътон: «О Дунедарӕг,
фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».
3Мӕнгард ӕвзаг, хорзӕй дӕм цы кӕсы?
4Хӕстоны цыргъ фӕттӕ,
ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ.
5Додойаг у мӕ сӕр: Мешехы зӕххыл,
Кедары цатыры астӕу,
мӕ царды бонтӕ ӕрвитын!
6Ӕз рагӕй цӕрын,
сабыр цард ӕнӕуынон кӕмӕн у,
уыдоны’хсӕн.
7Куыддӕр сын райдайын сабырдзинадыл дзурын —
хӕстӕввонг свӕййынц уыдон.
Copyright information for OssIBT2022