Psalms 12
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй,кӕдмӕ мӕ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?
3Ӕнӕхъуаджы фӕндтӕ кӕдмӕ кӕндзынӕн,
бон-сауизӕрмӕ кӕдмӕ рисдзӕн мӕ зӕрдӕ?
Ме знаг мӕм
уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕсдзӕни?
4Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт,
о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн,
цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон,
5цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа:
«Фӕуӕлахиз ыл дӕн».
Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной,
мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.
6Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын,
куы мӕ фервӕзын кӕнай,
уӕд цин кӕндзынӕн.
Зардзынӕн Дунедарӕгыл, —
стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл.
Copyright information for
OssIBT2022