Psalms 122
1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.Ме скаст Дӕумӕ у, уӕлӕрвты Цӕрӕг!2Цагъартӕ се’лдары къухмӕ куыд кӕсынц,
унӕут — йе’хсины къухмӕ,
афтӕ махӕн дӕр нӕ каст
Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, у,
Йӕ хорзӕхмӕ Йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.
3Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг,
батӕригъӕд нын кӕн!
Фаг нын фӕуӕд не’фхӕрд,
4нӕ уд йӕ хъуырмӕ у хъалты хынджылӕг,
ӕнӕввӕрсонты фидистӕй.
Copyright information for
OssIBT2022