‏ Psalms 125

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

Дунедарӕг Сионӕн йӕ уацайрӕгты ӕрбаздӕхта,
уӕд нӕм уый фын фенӕгау касти.
2Нӕ цины хъӕр хъуысти, зарыдыстӕм,
махмӕ кӕсгӕйӕ, адӕмтӕ дзырдтой:
«Дунедарӕг сын стыр диссаг сарӕзта!»
3О, Дунедарӕг нын сарӕзта стыр диссаг,
ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон нал уыди!
4О Дунедарӕг, нӕ адӕмы нын уацарӕй раздах,
хуссары хуыскъ адӕгтӕ донӕй куыд бафсадыс, уыйау!
5Йӕ хоры нӕмыг цӕссыгкалгӕйӕ чи байтыдта,
уыдон цины зарджытимӕ исдзысты сӕ тыллӕг!
6Йӕ тауинаг хуыммӕ кӕугӕйӕ чи хаста,
уый цинӕй райгӕйӕ ӕрбаздӕхдзӕн,
йӕ хоры куыристӕ хӕсгӕйӕ.
Copyright information for OssIBT2022