‏ Psalms 126

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон.

Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ
куынӕ бавнала,
уӕд аразджыты фыдӕбон
хӕрз дзӕгъӕлы у.
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар
куынӕ хъахъхъӕна,
уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц
цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.
2Сӕударӕй дзӕгъӕлы сыстут,
ӕнафонмӕ дзӕгъӕлы фӕбадут —
фыдӕбонгӕнгӕ бакусут къӕбӕрваг.
Дунедарӕг кӕй уарзы,
уыдон та фынӕй кӕнынц ӕнӕмӕтӕй.

3Дунедарӕджы лӕвар — цот,
хӕрзиуӕгау сӕ ратты.
4Бӕгъатыры къухы фаттӕ куыд сты,
афтӕ сты фырттӕ дӕр се’рыгонӕй.
5Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
уыдонӕй чи байдзаг кодта йӕ фатдон!
Сахары кулдуары цур нӕ фегад уыдзӕн,
йе знагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ.
Copyright information for OssIBT2022