‏ Psalms 13

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

Ӕнӕзонд йӕ мидзӕрдӕйы загъта:
«Хуыцау нӕй!»
Фехӕлдысты адӕм,
ӕлгъаг митӕ кӕнынц,
хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
2Дунедарӕг уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ,
кӕсы: цымӕ се’хсӕн, Хуыцауы чи агуры,
иу ахӕм ӕмбаргӕ адӕймаг ис?
3Се’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты,
се’ппӕт дӕр фехӕлдысты,
хорздзинад ничи кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.
4Ау, не’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ,
мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны
ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры, уыдон?
5Фыр тӕссӕй риздзысты,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнджытимӕ ис.
6Сымах худтыстут мӕгуырыл,
фӕлӕ йӕ Дунедарӕг хъахъхъӕны.
7Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн
ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы’рцӕуид Сионӕй!
Дунедарӕг Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха,
уӕд ныццин кӕндзӕни Йаков,
уӕд Израил фыр цинӕй райдзӕн!
Copyright information for OssIBT2022