‏ Psalms 134

1Алелуйа!
Ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй,
ӕппӕлут дзы, Дунедарӕджы цагъартӕ,
2Дунедарӕджы хӕдзары,
нӕ Хуыцауы кӕртыты
лӕггад чи кӕны, уыдон!
3Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг у хӕрзгӕнӕг.
Стаут ын зарӕгӕй Йӕ ном,
уымӕн ӕмӕ уый тынг ӕхцон у.
4Дунедарӕг Йӕхицӕн равзӕрста Йаковы,
Израилы скодта Йӕ исбон.
5Ӕз базыдтон: Дунедарӕг стыр у,
нӕ Хуыцау у ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр.
6Дунедарӕджы цы бафӕнда,
ӕмӕ цы нӕ бакӕндзӕн —
уӕлӕрвты, зӕххыл, денджызты
ӕмӕ ӕнӕбын хуыдымты!
7Зӕххы кӕрӕттӕй сисы мигътӕ,
къӕвдайы рӕстӕг арвӕрттывдтӕ сфӕлдисы,
Йӕ ӕвӕрӕнтӕй рауадзы дымгӕ.
8Уый ӕрцавта Мысыры фыццаг цӕуӕты,
адӕймагӕй фосы онг.
9Уый дӕ зӕххыл, Мысыр,
равдыста ӕмбисонды ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ
фараон ӕмӕ йӕ адӕмӕн.
10Ныццагъта бирӕ адӕмты,
ӕрцавта хъомысджын паддзӕхты,
11аморӕгты паддзах Сигоны
ӕмӕ Башаны паддзах Огы,
стӕй Ханааны паддзахӕдтӕ иууылдӕр.
12Сӕ зӕххытӕ та сын исбонӕн радта
Йӕ адӕмӕн, Израилӕн.
13О Дунедарӕг! Ӕнусон у Дӕ ном,
кад Дын кӕндзысты фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!
14Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн хӕсдзӕни рӕстаг тӕрхон,
Йӕ лӕггадгӕнджытӕн батӕригъӕд кӕндзӕн.
15Муртаттӕгты гуымирытӕ
лӕджы къухӕй конд сты —
ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй:
16ис сын дзыхтӕ, фӕлӕ ницы дзурынц;
ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ ницы уынынц;
17ис сын хъустӕ, фӕлӕ ницы хъусынц,
сӕ дзыхы та комытӕф дӕр нӕй.
18Уыдоны хуызӕн суыдзысты се скӕнджытӕ,
стӕй сыл йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уыдон дӕр.
19Израилы адӕм! Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
Аароны байзӕддӕгтӕ! Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
20Левитты байзӕддӕгтӕ! Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдон!
Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
21Арфӕгонд у Сионы Дунедарӕг,
Йерусалимы цӕрӕг Хуыцау!
Алелуйа!
Copyright information for OssIBT2022