‏ Psalms 138

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

Ды бафӕлвӕрдтай, Дунедарӕг, мӕн
ӕмӕ мӕ зоныс.
2Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын, кӕд сыстын,
Ды дардмӕ дӕр мӕ хъуыдытӕ ӕмбарыс.
3Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон —
Ды мӕ уыныс,
мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.
4Мӕ былалгъыл нӕма абады дзырд,
о Дунедарӕг, афтӕ йӕ фӕзоныс.
5Разӕрдыгӕй дӕр мӕ хъахъхъӕныс
ӕмӕ фӕстӕрдыгӕй дӕр,
Дӕ арм мыл дарыс.
6Ды алцы куыд зоныс,
уый мӕ ӕфтауы стыр дисы,
мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!
7Кӕдӕм у мӕ бон ацӕуын Дӕ Удӕй,
Дӕ цӕстӕнгасӕй бамбӕхсӕн кӕм ис?
8Куы ссӕуон арвмӕ — Ды уым дӕ,
мӕрдтыбӕстӕм куы ныххизон — уым дӕр Ды.
9Сӕуӕхсиды базыртыл куы атӕхон
ӕмӕ денджызы иннӕ кӕрон куы ӕрцӕрон,
10уӕд мыл уым дӕр Дӕ арм дардзынӕ,
Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕндзӕн.
11Куы зӕгъин ӕз: «О, бамбӕхсӕд мӕ тар,
мӕ алыварс нытталынг уӕд бӕстӕ»,
12уӕд дӕр мӕ тар нӕ бамбӕхсид Дӕуӕй:
ӕхсӕв рухс у бонау,
рухсӕй уӕлдай нӕу тар.

13Ды сфӕлдыстай, мӕ мидӕг цы ис, уыдон,
мӕ мады гуыбыны мӕ Ды бауӕфтай.
14Стауын Дӕ, уымӕн ӕмӕ диссаг у ме сконд!
Диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ,
ӕмӕ уый мӕ уд хорз ӕмбары.

15Сусӕгӕй мӕ куы арӕзтӕуыд,
гуыбыны арфы нывӕст куы цыдтӕн,
уӕд ме стджытӕ Дӕуӕй ӕмбӕхст нӕ уыдысты.

16Мӕ гуырдз мын уыдтой Дӕ цӕстытӕ;
цы бонтӕ мын снысан кодтай,
уыдон фыст ӕрцыдысты Дӕ чиныджы,
иу дӕр дзы куынӕма уыдис, уӕд.
17Куыд зын бамбарӕн мын сты Дӕ фӕндтӕ,
стӕй куыд бирӕ сты, Хуыцау!
18Нымайын сӕ бафӕлварин,
фӕлӕ уыдон змисӕй фылдӕр сты.
Куы райхъал вӕййын, уӕд дӕр — Демӕ!

19О Хуыцау, куы ӕрцӕвис фыдгӕнӕджы!
Цӕугӕут мӕ разӕй, тугдзыхтӕ!
20Уыдон мӕнг ныхӕстӕ дзурынц Дӕу тыххӕй,
Де знӕгтӕ сӕ дзыхы радавынц Дӕ ном.

21Дунедарӕг, ӕз куыд нӕ хъуамӕ уынон ме сӕфт,
Ды ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уыдонӕй!
Куыд ӕлгъаг мын сты Дӕ ныхмӕ цӕуджытӕ!
22Ме сӕфт сӕ уынын,
мӕхицӕн сӕ знагыл нымайын!
23О Хуыцау, бафӕлвар мӕ
ӕмӕ мын базон мӕ зӕрдӕ;
бафӕлвар мӕ ӕмӕ мын базон мӕ хъуыдытӕ.
24Ӕркӕс, кӕд, мыййаг, сӕфты фӕндагыл цӕуын,
ӕмӕ мӕ Дӕхӕдӕг сараз ӕнусон фӕндагыл.
Copyright information for OssIBT2022