Psalms 139
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн,тыхгӕнӕгӕй мӕ бахиз!
3Уыдон сӕ мидзӕрдӕйы фыдвӕндтӕ нывӕндынц,
хӕстӕргомӕй ӕрвитынц сӕ цард.
4Калмау мӕм сӕ цыргъ ӕвзаг сласынц,
сӕ былтыл — калмы марг.
5О Дунедарӕг, фыдгӕнджытӕй мӕ бахиз,
тыхгӕнджытӕй мӕ бахъахъхъӕн:
цӕмӕй фӕцудон, уымӕ бӕллынц уыдон.
6Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл
сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ,
ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой.
7Ӕз Дунедарӕгӕн загътон:
«Ды мӕ Хуыцау дӕ,
фехъус мын мӕ куывд, о Дунедарӕг!
8О Бардарӕг Хуыцау,
мӕ хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг!
Тохы бон мӕ Дӕ базыры бын бакӕныс!
9О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕн
йӕ фӕндон цы не сӕххӕст уа,
йӕ фыдвӕндтӕ ӕнтыстджын цы нӕ уой,
уыцы ахъаз бакӕн!
Науӕд йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзӕни».
10Чи мыл ӕртыхсти, уыдон сӕхӕдӕг
сӕ фыддзыхты амӕттаг бауӕнт!
11Судзгӕ цӕхӕр сыл ӕркӕлӕд,
судзгӕ сӕрсӕфӕнмӕ сӕ нывзилӕнт,
уырдыгӕй куыд макуыуал схизой!
12Маргӕвзаг адӕймаг не’рфидар уыдзӕн зӕххыл,
фыдлӕгӕн йӕ фыдмитӕ йӕхи сӕрыл ӕрцӕудзысты
ӕмӕ бабын уыдзӕн.
13Ӕз зонын, Дунедарӕг раст тӕрхон рахӕсдзӕн,
мӕгуыр адӕмӕн рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл.
14Рӕстгӕнджытӕ Дын стаудзысты Дӕ ном,
рӕстӕй чи цӕры, уыдон цӕрдзысты
Дӕ цӕсгомы раз.
Copyright information for
OssIBT2022