‏ Psalms 14

Давиды псалом.

1О Дунедарӕг!
Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры,
Дӕ уаз хохыл цӕрын?
2Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры,
йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты,
рӕстдзинад кӕй зӕрдӕйӕ рацӕуы;
3хахуыртӕ чи нӕ мысы,
йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы,
йӕ хионы чи нӕ фауы;
4хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у,
фӕлӕ Дунедарӕгӕй чи тӕрсы,
уыдонӕн кад чи кӕны;
кӕд йӕхицӕн исты зиан ӕрхӕсдзӕн,
уӕддӕр йӕ сомы чи нӕ сайы;
5йе’взист пайдайыл ӕфстау чи нӕ дӕтты,
ӕнаххосы ныхмӕ гӕртамы фӕрцы
чи нӕ рацӕуы.
Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн.
Copyright information for OssIBT2022