Psalms 140
1Давиды псалом.О Дунедарӕг, фӕдисхъӕр Дӕм кӕнын,ӕмӕ мӕм ратындз ӕххуысмӕ!
Мӕ хъӕлӕс Дӕм фехъуысӕд,
куы Дӕм дзыназон, уӕд!
2Мӕ куывд Дӕм схӕццӕ уӕд
буды хӕрздӕфау!
Мӕ къухтӕ Дӕм кӕй ныттыгътон,
уый та Дын фӕуӕд изӕры нывондау!
3О Дунедарӕг, ме’взагӕн мын уромӕг сӕвӕр,
мӕ дзыхы дуар мын бахъахъхъӕн.
4Уыцы ахъаз мын бакӕн,
цӕмӕй мӕ зӕрдӕ ӕнаккаг митӕм ма аздӕха,
фыдгӕнджытимӕ ӕмдзӕхдон ма уон
ӕмӕ семӕ иу фынгыл ма бадон!
5Уадз ӕмӕ мӕ бафхӕра рӕстгӕнӕг —
уымӕй мын хорзы бацӕудзӕн ӕрмӕст,
раст мын цыма мӕ сӕр
хӕрздӕфгӕнӕн сойӕ байсӕрста, уыйау.
Ӕз та кувдзынӕн фыдгӕнджыты тыххӕй,
цӕмӕй фыдмитӕ мауал кӕной.
6Сӕ тӕрхоны лӕгтӕ
къӕдзӕхтӕй ӕппӕрст ӕрцӕудзысты,
ӕмӕ уӕд базондзысты,
мӕ ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый.
7Ӕмӕ зӕгъдзысты:
«Раст цыма зӕхх афастӕуыд ӕмӕ йӕ ныммур чындӕуыд,
уыйау згъӕлынц не стджытӕ мӕрдтыбӕсты коммӕ».
8О Дунедарӕг Хуыцау,
ӕрмӕстдӕр Дӕумӕ у мӕ каст,
мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл:
ма мӕ фесаф!
9Фыдгӕнджыты къӕппӕджытӕй,
сӕ ахсӕн хызтӕй мӕ бахиз!
10Уадз ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ
сӕ ахсӕн хызты бахауой сӕхӕдӕг,
ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.
Copyright information for
OssIBT2022