‏ Psalms 149

1Алелуйа!
Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут,
кады зарӕг сыгъдӕджыты ӕмбырды.
2Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз,
райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз.
3Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном,
зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.
4Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ауды Йӕ адӕмыл,
скадджын кӕны сӕрныллӕгты,
фервӕзын сӕ кӕны.
5Райӕнт иузӕрдионтӕ кадимӕ,
цин кӕнӕнт сӕ сынтӕджыты дӕр.
6Хуыцауы стауӕн ныхас — сӕ былалгъыл,
сӕ къухы — дыкомыг кард,
7цӕмӕй адӕмты ӕмӕ алы знӕмты бафхӕрой;
8сӕ паддзӕхты сын сбӕттой рӕхыстӕй,
сӕ уӕздӕттыл сын хъадамантӕ бакӕной,
9цы тӕрхон сын ныффыстӕуыди,
уый сыл ӕрцӕуын кӕной.
Уыцы кад ӕрхаудзӕн ӕрмӕстдӕр
Йӕ иузӕрдионтӕм.
Алелуйа!
Copyright information for OssIBT2022