‏ Psalms 16

1Давиды куывд.

Дунедарӕг, мӕ раст уд Де уазӕг,
фехъус мын мӕ дзыназын!
Мӕ куывд мын айс —
сайгӕ куы нӕ кӕны ме’взаг!
2Тӕрхонгӕнӕг мын фӕу,
Дӕ цӕстытӕ рӕстдзинадмӕ ӕркӕсӕнт.
3Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ,
ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай
ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй:
мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц
мӕ ныхӕстӕй.
4Адӕмӕн сӕ бар сӕхи у,
фӕлӕ ӕз Дӕ дзырды сӕрты
никуы ахызтӕн,
мӕхи хъахъхъӕдтон
фыдгӕнӕджы фӕндӕгтӕй.
5Фидар къахдзӕфтӕй цӕуын Дӕ фӕндӕгтыл,
Дӕ фӕдыл цӕуын ӕмӕ нӕ цудын.
6Дӕумӕ сидын, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ мын Ды дзуапп ратдзынӕ.
Дӕ хъус мӕм ӕрдар,
фехъус мын мӕ куывд!
7Де стыр хорзӕх ма бахӕлӕг кӕн,
йӕхи Дыл чи бафӕдзӕхста, уыдонӕн,
Дӕ рахиз къухӕй сӕ бахиз фыдгулӕй.
8Цӕсты гагуыйау мӕ хъахъхъӕн,
Дӕ базыры бын мӕ бааууон кӕн
9ӕнӕхуыцау лӕбурджытӕй,
чи мыл ӕрхъула кодта, уыцы знӕгтӕй.
10Уыдон фыр нӕрдӕй фӕйнӕрдӕм тонынц,
схъӕл ныхас кӕнынц.
11Мӕ фӕдыл зылдысты,
ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн,
сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой —
хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.
12Тугмондаг домбайау
гӕппӕввонгӕй лӕууынц,
мадӕл домбайау мӕ
се’мбӕхсӕнӕй хъахъхъӕнынц.
13Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг!
Сӕ ныхмӕ рацу,
Дӕ кардӕй сӕ афӕлдах,
ӕнӕхуыцӕуттӕй мӕ бахиз.
14Дӕхи къухӕй мӕ фервӕзын кӕн
ацы адӕмӕй, Дунедарӕг,
Де’вӕрӕнты бӕркадӕй
йедзаг кӕмӕн сты сӕ гуыбынтӕ,
ӕмӕ ма дзы сӕ цот
ӕмӕ уыдоны цоты фаг дӕр
кӕмӕн баззайдзӕн.
15Ӕз та — ӕназым —
фендзынӕн Дӕ цӕсгом,
куы-иу райхъал уон, уӕд
ӕфсӕддзынӕн Дӕ фӕлгонцӕй.
Copyright information for OssIBT2022