‏ Psalms 3

1Давиды псалом, йӕ фырт Авессаломӕй куы лыгъди, уӕд.

2О Дунедарӕг, мӕнӕ куыд бирӕ сты ме знӕгтӕ!
Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ!
3Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй:
«Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»
4Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг,
мӕнӕн мӕ уарт ӕмӕ мӕ кад дӕ,
мӕ сӕр мын ӕгадмӕ нӕ уадзыс.
5Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр ныккӕндзынӕн,
ӕмӕ мын Уый дзуапп ратдзӕни Йӕ уаз хохӕй.
6Схуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын —
Дунедарӕг мын хъару ратты.
7Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти,
уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.
8Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг!
Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау!
Мӕ фыдгултӕн се’фсӕртӕ ныссӕтт,
базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!
9Ирвӕзындзинад Дунедарӕгӕй у,
ӕмӕ Дӕ адӕмыл ис Дӕ арфӕ!
Copyright information for OssIBT2022