‏ Psalms 31

1Давиды зондамонӕн псалом.

Тӕхудиаг у, йӕ азым барст кӕмӕн ӕрцыд,
кӕй тӕригъӕдтӕ нал ӕрымысдзысты!
2Тӕхудиаг у, Дунедарӕг йӕ тӕригъӕдтӕ
кӕмӕн нӕ банымайдзӕн,
йӕ зӕрдӕйы мӕнгарддзинад кӕмӕн нӕй!
3Цалынмӕ мӕ тӕригъӕд сусӕг кодтон,
уӕдмӕ ме’рвылбоны хъӕрзынӕй бастадтӕн.
4Уымӕн ӕмӕ Дӕ къухы уӕз
ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнкъарын мӕхиуыл.
Мӕ тых байсысти,
раст цыма — сӕрды ӕнтӕфӕй.
5Ӕз Дын мӕ тӕригъӕдыл басастӕн
ӕмӕ нӕ бамбӕхстон мӕ азым.
Ӕз загътон: «Дунедарӕгӕн
раргом кӕнон мӕ фыдракӕндтӕ»,
ӕмӕ мын Ды мӕ тӕригъӕд ныббарстай.
6Алы рӕстуд Дӕм бӕллӕхы заман скувӕд,
ӕмӕ йӕм доны хъаймӕт нӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
7Ды — ме’мбӕхсӕн фидар,
фыдбылызӕй мӕ хъахъхъӕныс.
Фервӕзын мӕ кодтай,
ӕмӕ дуне мӕ алыварс байдзаг ис цинӕй.

8«Ӕз дӕ зонды къахыл сӕвӕрдзынӕн
фӕндаг дын бацамондзынӕн.
Ӕз дӕ размӕ кӕндзынӕн,
Мӕ цӕст дӕм дардзынӕн.
9Ӕнӕзонд ма ут,
цӕмӕй коммӕ кӕса,
уый тыххӕй йе’фсӕртыл идон
ӕмӕ идоны къӕбӕлтӕй кӕмӕн ныххӕцынц,
уыцы бӕх кӕнӕ хӕргӕфсау».

10Ӕнӕхуыцау бирӕ фыдбылызтӕ’взары,
Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уымӕн та йӕ алыварс — Йӕ хорзӕхтӕ.
11Дунедарӕджы цинӕй райут
ӕмӕ цин кӕнут, рӕстудтӕ!
Фыр цинӕй райут, сыгъдӕгзӕрдӕтӕ!
Copyright information for OssIBT2022