‏ Psalms 32

1Цин кӕнут Дунедарӕгыл, рӕстудтӕ:
Дунедарӕджы стауын фидауы рӕстудыл.
2Стаут Дунедарӕджы дыууадӕстӕноны зӕлтӕй,
ӕрцӕгъдут Ын дӕстӕнонтыл.
3Зарут Ын ног зарӕг,
дӕсны Йын ӕрцӕгъдут цины хъӕртимӕ.
4Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхас ӕцӕг у,
Йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — раст.
5Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты,
Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.
6Дунедарӕджы ныхасӕй
фӕзындысты уӕлӕрвтӕ,
Йӕ комытӕфӕй — стъалыты ӕфсад.
7Уый денджызы дӕттӕ’рбамбырд кодта лалымау,
ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон.
8Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй,
дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.
9Уымӕн ӕмӕ Уый загъта — ӕмӕ сӕххӕст ис;
Уый бардзырд радта — ӕмӕ сси афтӕ.
10Дунедарӕг фехалы адӕмты уынаффӕтӕ,
сӕ фӕндтӕ сын ӕрбайсафы.
11Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм,
Йӕ зӕрдӕйы фӕндон —
фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
12Тӕхудиаг сты уыцы адӕм,
Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у,
Уый Йӕхицӕн исбонӕн кӕй равзӕрста.
13Дунедарӕг уӕлӕрвтӕй кӕсы дӕлӕмӕ
ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр уыны.
14Йӕ паддзахы бадӕнӕй фӕлгӕсы
ӕппӕт зӕххон адӕммӕ.
15Се’ппӕты зӕрдӕтӕ дӕр Уый сфӕлдыста
ӕмӕ алкӕмӕн дӕр зоны йӕ хъуыддӕгтӕ.
16Паддзахы йе стыр ӕфсад нӕ фервӕзын кӕндзӕн,
гуыппырсары нӕ бахъахъхъӕндзӕн йӕ хъомыс.
17Бӕхыл зӕрдӕ дарӕн нӕй —
хъару йӕм нӕй фервӕзын кӕнынӕн.
18Дунедарӕг уыны,
чи Дзы тӕрсы ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл
йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны.
19Уый сӕ фервӕзын кӕндзӕн мӕлӕтӕй,
стонг заманы сӕ бафсаддзӕн.
20Дунедарӕг — нӕ зӕрдӕдарӕн,
Уый у махӕн ӕххуыс ӕмӕ уарт.
21Цин кӕнӕм Дунедарӕгыл,
нӕ ныфсы мӕсыг — Йӕ уаз ном.
22О Дунедарӕг, нӕ зӕрдӕ дыл дарӕм,
ӕмӕ нӕ Дӕ хорзӕх уӕд.
Copyright information for OssIBT2022