Psalms 33
1Давиды псалом, Авимелехы цур йӕхи ӕррайы хуызӕн куы скодта ӕмӕ йӕ уый йӕ цурӕй куы фӕсырдта, уӕд. 2Кӕддӕриддӕр кад кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн,Йӕ кады кой ӕдзухдӕр уыдзӕни мӕ былалгъыл.
3Мӕ уд ӕппӕлдзӕни Дунедарӕгӕй —
уый сӕрныллӕгтӕ фехъусдзысты
ӕмӕ ныццин кӕндзысты!
4Мемӕ стаут Дунедарӕджы,
иумӕ Йын скад кӕнӕм Йӕ номӕн!
5Ӕз агуырдтон Дунедарӕджы,
ӕмӕ мын Уый дзуапп радта,
бахызта мӕ, тас мын цӕмӕй уыд, ӕппӕт уыдӕттӕй.
6Йе’ргом Ӕм чи раздӕхта,
уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты,
ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.
7Мӕгуыр лӕг ӕм сдзынӕзта,
ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста,
ӕппӕт фыдбылызтӕй йӕ фервӕзын кодта.
8Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны алыварс
Хуыцауы зӕд зилы ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны.
9Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут,
Хуыцау куыд хорз у, уый!
Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!
10Дунедарӕгӕн кад кӕнут, Йӕ сыгъдӕджытӕ:
Хуыцауы тас кӕй ис,
уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц.
11Домбӕйттӕ дӕр ӕрлӕмӕгъ вӕййынц
ӕмӕ сыдӕй фӕмӕлынц,
фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры,
уый иу хорзӕхӕй дӕр ӕнӕхай нӕ вӕййы.
12Ӕрбалӕуут, сабитӕ,
ӕмӕ мӕм ӕрбайхъусут,
ӕз уӕ сахуыр кӕнон Хуыцауы тасыл.
13Тӕхудиаг цардӕй цӕрын
ӕмӕ амондджын бонтӕ ӕрвитын кӕй фӕнды?
14Де’взаджы кӕроныл дӕр
хӕрам ныхас макуы абадӕд,
мӕнгард ныхас макуы схауӕд дӕ дзыхӕй!
15Дӕхи хиз фыд ракӕнынӕй
ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз.
Фидыды фӕндаг агур ӕмӕ йыл цу.
16Дунедарӕг раст лӕгмӕ ӕркӕсы
ӕмӕ йын фехъусы йӕ дзыназын,
17фыдгӕнӕгӕн та Дунедарӕг йӕ ныхмӕ у,
зӕххыл ын фесафы йӕ кой дӕр.
18Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы,
уыдоны Уый фехъусы
ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.
19Састзӕрдӕты фарсмӕ’рбалӕууы Дунедарӕг,
фервӕзын кӕны ныфссасты.
20Раст адӕймаг бирӕ зындзинӕдтӕ бавзары,
фӕлӕ йӕ Дунедарӕг
се’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны.
21Хуыцау ын йе стджытӕ дӕр хъахъхъӕны,
ӕмӕ дзы иу дӕр саст не’рцӕудзӕн.
22Фыдгӕнӕг амӕлдзӕни фыдмардӕй;
раст лӕджы чи нӕ уарзы,
уый ӕфхӕрд баййафдзӕн.
23Дунедарӕг Йӕ цагъарты
бахиздзӕни фыдбылызӕй,
йӕхи Йыл чи фӕдзӕхсы,
уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фесӕфдзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022