Psalms 42
1О Хуыцау, тӕрхонгӕнӕг мын фӕу,фыдзӕрдӕ адӕмимӕ быцӕуы
мӕ фарсмӕ’рбалӕуу,
мӕнгард, ӕнӕраст адӕмӕй мӕ бахиз.
2Ды — мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ хъару.
Цӕмӕн мӕ ныууагътай?
Цӕмӕн згъалын мӕ цӕссыг
ме знаджы ӕфхӕрдӕй?
3Дӕ рухс ӕмӕ Де’цӕгад мын рарвит,
уыдон мӕ ахонӕнт Дӕ уаз хохмӕ,
Дӕ цӕрӕнмӕ.
4Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ,
Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ,
стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй,
о Хуыцау, мӕ Хуыцау!
5Мӕ уд, уӕдӕ цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ?
Цӕуыл у дӕ сагъӕс?
Дӕ Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар:
ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн —
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.
Copyright information for
OssIBT2022