‏ Psalms 48

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.

2Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ,
уӕ хъус ӕрдарут, дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ:
3хуымӕтӕгтӕ ӕмӕ номдзыдтӕ,
хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ.
4Мӕ дзыхӕй рацӕудзӕни уӕлзонд,
мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕй — зонынад.
5Мӕ хъус ӕрдардзынӕн фӕсномыг ныхасмӕ,
хъисфӕндыры зӕлтӕм уыци-уыци райхалдзынӕн.

6Бӕллӕхы бон ма ӕз
цӕмӕй хъуамӕ фӕтӕрсон,
мӕнгарддзинад ӕмӕ фыддзинад мыл
куы’рхъула кодтой, уӕд?
7Йӕ тыхӕй — ныфсджын,
йӕ мулкӕй хъал чи у, уыдон!
8Йӕ хионы уӕ ничи балхӕндзӕни мӕлӕтӕй,
йӕ уды аргъ ын ничи бафиддзӕни Хуыцауӕн.
9Тынг стыр у уд балхӕныны аргъ,
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр уый нӕ уыдзӕн,
10цӕмӕй исчи ӕнустӕм фӕцӕра
ӕмӕ мӕлӕт ма фена.
11Кӕсыс: куырыхонтӕ дӕр мӕлынц,
ӕдылытӕ куыд мӕлынц, афтӕ,
сӕ мулк та баззайы кӕмӕндӕр.
12Ингӕн — се’нусон цӕрӕн.
Афтӕмӕй та сӕ хӕдзӕртты
ӕнусмӕ цӕринаг уыдысты,
суанг сӕ зӕххытӕ дӕр
рахуыдтой сӕхи нӕмттӕй.
13Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ кад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн,
амӕлдзӕни, фос куыд амӕлынц, афтӕ.
14Ахӕм у, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уыдоны хъысмӕт,
стӕй, сӕ фӕдыл цӕуын чи уарзы, уыдоны кӕрон.
15Фыстау сӕ ныппардзысты мӕрдтыбӕстӕм,
мӕлӕт сын суыдзӕни фыййау.
Ралӕудзӕни райсом —
рӕстудтӕ сыл фӕуӕлахиз уыдзысты;
сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн,
сӕ цӕрӕн суыдзӕни мӕрдтыбӕстӕ.
16Мӕн та Хуыцау бахиздзӕни мӕрдтыбӕстӕй,
райсдзӕни мӕ Йӕхимӕ!
17Цардыл чи фӕхӕст
ӕмӕ йӕ хӕдзары кад уӕлӕмӕ кӕмӕн цӕуы,
уымӕй ма фӕтӕрс:
18мӕрдтӕм дзы йемӕ ницы ахӕсдзӕн
ӕмӕ йӕ кад йӕ фӕдыл нӕ ныххиздзӕн.
19Кӕд йӕ цӕргӕйӕ йӕхи амондджыныл нымадта,
ӕмӕ, йӕхицӕн амал кӕй зыдта,
уый тыххӕй дзы ӕппӕлыдысты,
20уӕддӕр, рухс чи нал фендзӕн,
уыцы фыдӕлтыл бафтдзӕни.
21Кадджын, фӕлӕ ӕнӕмбаргӕ чи у,
уый дӕр амӕлдзӕн, фос куыд амӕлынц, афтӕ.
Copyright information for OssIBT2022