‏ Psalms 52

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды зондамонӕн псалом.

2Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы:
«Хуыцау нӕй».
Адӕм фехӕлдысты,
ӕбуалгъ митыл бафтыдысты;
хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
3Хуыцау уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ,
кӕсы: цымӕ се’хсӕн,
Хуыцауы чи агуры,
ахӕм иу ӕмбаргӕ адӕймаг ис?
4Се’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты,
фехӕлдысты се’ппӕт дӕр;
хорздзинад ничиуал кӕны,
иунӕг адӕймаг дӕр.
5«Ау, не’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ,
мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны
ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?»
6Ӕппындӕр сын тас кӕм ницӕмӕй уыд,
уым сыл ӕвиппайды ӕвирхъау тас ӕртыхсдзӕн.
Хуыцау дын де знӕгты стджытӕ ныххӕлиу кӕндзӕн,
фӕхудинаг сӕ кӕндзынӕ,
уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау атигъ кӕндзӕн Йӕхи.
7Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн
Сионӕй ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы’рцӕуид!
Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха,
уӕд Йаков ныццин кӕндзӕни,
ӕмӕ Израил райдзӕни.
Copyright information for OssIBT2022