Psalms 54
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды зондамонӕн псалом. 2О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд,мӕ лӕгъстӕйыл мын Дӕхи ма атигъ кӕн!
3О, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт!
Хъӕрзын мӕ мастӕй, катайы бацыдтӕн,
4уымӕн ӕмӕ знаджы хъӕлӕс хъусын.
Мӕ фыдгултӕ мӕ ссӕндынц,
мӕнг даутӕ мыл ӕххуырсынц.
Мӕстӕй судзгӕйӕ, тох кӕнынц мӕ ныхмӕ.
5Мӕ зӕрдӕ сӕнкъуысы мӕ мидӕг,
мӕлӕтдзаг тасӕй уадзыгау фӕдӕн.
6Фыр тӕссӕй ӕмризӕджы ризын,
фыд азар мӕ ӕрбалвӕста.
7Ӕз загътон:
«Тӕхуды ӕмӕ мын исчи
бӕлоны базыртӕ куы раттид,
ӕз атӕхин ӕмӕ ӕнцой ссарин.
8Дард фӕтӕхин, ӕдзӕрӕг быдыры ӕрцӕрин,
9ӕвӕстиатӕй бамбӕхсин мӕхи
тыхдымгӕ ӕмӕ уадӕй».
10О Дунедарӕг, схъомпал сӕ кӕн,
сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл куыннӕуал бада, —
ӕз сахары уынын
хъаугъатӕ ӕмӕ тыхми.
11Ӕхсӕвӕй-бонӕй зилдух кӕнынц сахары систыл,
йӕ мидӕг та — фыдракӕндтӕ, бӕллӕхтӕ.
12Сахар цӕуы сӕфтмӕ,
йӕ уынгты’рцардысты
фӕлывд ӕмӕ мӕнгарддзинад.
13Знаг нӕ кӕны мӕ фыдгой —
ӕз уымӕн бафӕразин.
Йе сӕфт мӕ чи уыны,
уый мӕм нӕ кӕсы былысчъилӕй —
мӕхи дзы иуварс аласин.
14Фӕлӕ ды, мӕхицӕн ӕрдхорд кӕмӕй загътон,
ӕмбалыл ӕмӕ уарзон хӕларыл кӕй нымадтон!
15Иумӕ-иу зӕрдӕбын ныхас кодтам,
Хуыцауы хӕдзармӕ дӕр иумӕ цыдыстӕм.
16Сӕ мӕлӕт ссарӕнт,
цӕрдудӕй мӕрдтыбӕстӕм ныххизӕнт,
уымӕн ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты ӕрцарди фыддзинад!
17Ӕз та сдзынӕзтон Хуыцаумӕ,
ӕмӕ мӕ Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн.
18Изӕрӕй уа, райсомӕй ӕви ӕмбисбон —
дзыназдзынӕн ӕмӕ лӕгъстӕ кӕндзынӕн,
ӕмӕ мын Уый фехъусдзӕни мӕ хъӕлӕс.
19Мӕ ныхмӕ хӕст чи расидти,
уыдон цыфӕнды бирӕ куы уой,
уӕд дӕр мӕ Уый сӕрӕгасӕй ныууадздзӕн.
20Йӕ паддзахдзинад ӕнусон Кӕмӕн у,
Уыцы Хуыцау мын мӕ куывд фехъусдзӕн
ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн,
уымӕн ӕмӕ, цы уыдысты, уымӕй баззадысты,
нӕ тӕрсынц Хуыцауӕй.
21Семӕ хӕларӕй чи цӕры,
уыдонмӕ сӕ къух систой,
сӕ фидыд фехӕлдтой.
22Сӕ ныхас — сойӕ лӕгъздӕр,
сӕ зӕрдӕйы та — хӕст.
Сӕ ныхӕстӕ — оливӕйы сойӕ фӕлмӕндӕр,
афтӕмӕй сын ӕлвӕст кардӕй уӕлдай не сты.
23Дунедарӕгыл бафӕдзӕхс дӕхи,
ӕмӕ дын Уый ахъаз бакӕндзӕн,
раст адӕймаджы мыггагмӕ дӕр
фӕцудын нӕ бауадздзӕн.
24О Хуыцау, Ды уыдоны сӕрсӕфӕнмӕ фехсдзынӕ;
тугцъиртӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ
сӕ царды ӕмбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты.
Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл.
Copyright information for
OssIBT2022