‏ Psalms 56

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд, Саулӕй лӕгӕты йӕхи куы бааууон кодта, уӕд.

2Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
батӕригъӕд мын кӕн!
Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
Дӕ базыры бын мӕ бакӕн,
цалынмӕ мӕм фыдбылыз кӕсы, уӕдмӕ!
3Ӕз дзыназын Иууылбӕрзонд Хуыцаумӕ,
Чи мыл ауды, Уымӕ.
4Уый мын Йе’ххуыс ӕрӕрвитдзӕн уӕларвӕй
ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн,
фегад кӕндзӕн Мӕ фӕдылзилджыты.
Хуыцау мыл ӕруадздзӕни Йӕ хорзӕх,
Йе’цӕгады фарн.
5Тугдзых домбӕйтты, лӕгхорты ахӕсты фӕдӕн.
Сӕ дӕндӕгтӕ — ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ,
се’взӕгтӕ — цыргъ кӕрдтӕ.
6О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад,
тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!

7Мӕ къӕхты размӕ мын сӕвӕрдтой къӕппӕг,
ӕмӕ мӕ удӕн асасти йӕ ныфс;
мӕ фӕндагыл скъахтой уӕрм,
фӕлӕ дзы ныххаудысты сӕхӕдӕг.
8Мӕ зӕрдӕ фӕфидар ис, Хуыцау,
фӕфидар ис мӕ зӕрдӕ:
ӕз зардзынӕн, зарӕгӕй Дӕ стаудзынӕн.
9Уӕдӕ райхъал у, мӕ уд,
райхъал ут, дыууадӕстӕнон ӕмӕ хъисфӕндыр!
Ӕз хуры дӕр райхъал кӕндзынӕн!
10Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты’хсӕн Дӕ стаудзынӕн,
алы знӕмты раз Дын кады зарӕг сисдзынӕн!
11Дӕ хорзӕх хӕццӕ кӕны уӕлӕрвтӕм,
Дӕ иузӕрдиондзинад — ӕврӕгъты онг!
12О Хуыцау, арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад,
тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!
Copyright information for OssIBT2022