Psalms 57
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд. 2Уӕ уынаффӕтӕ уӕм раст кӕсынц, тӕрхонгӕнджытӕ?Раст тӕрхон хӕссут адӕмӕн?
3Уӕ мидзӕрдӕйы фыдвӕндтӕ нывӕндут,
зӕххыл уӕ къухтӕ аразынц тыхми.
4Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ
галиу фӕндагыл лӕууынц,
сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.
5– 6Сӕ марг у калмы марг,
сӕхӕдӕг та, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны,
кӕлӕнгӕнӕджы хъӕлӕс ма фехъусон, зӕгъгӕ,
уыцы маргджын калмау.
7О Хуыцау, сӕ дӕндӕгтӕ сын базгъал!
О Дунедарӕг, домбӕйттӕн се’фсӕртӕ ныппырх кӕн!
8Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау!
Се’рдынбостӕ куы айвазой,
уӕд сӕ фӕттӕ асӕттӕнт!
9Фесӕфӕнт йӕ хъузгӕй ралӕсӕг сӕтӕлӕгау!
Боны рухс ма фенӕнт ӕфтыддагау!
10Цы сыл ӕрбамбӕлд,
уый ӕмбаргӕ дӕр нӕма бакӕндзысты,
афтӕмӕй фӕцыдӕр уыдзысты,
карз уад куы рацӕуы, уӕд
какон сындзытӕ, ичъи ӕмӕ амахос,
цъӕхӕй, хусӕй куыд фӕцыдӕр вӕййынц, афтӕ.
11Рӕстуд цинӕй райдзӕни,
Хуыцау ын ӕнӕхуыцӕуттӕй
йӕ маст куыд райста, уый фенгӕйӕ,
ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕнӕхуыцӕутты туджы ӕрӕхсдзӕн.
12Адӕм зӕгъдзысты:
«Рӕстуд йӕ хӕрзиуӕджы хай райста!
Ӕцӕгдӕр ис Хуыцау,
зӕххыл тӕрхон Чи кӕны, Уый!»
Copyright information for
OssIBT2022