‏ Psalms 60

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом.

2О Хуыцау, фехъус мын ме’рдиаг!
Айс мын мӕ куывд!
3Зӕххы кӕронӕй Дӕм
ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын.
Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис —
мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.
4Ды — ме’мбӕхсӕн,
мӕ фидар мӕсыг знӕгты ныхмӕ.
5Уадз, ӕнусмӕ Дӕ цатыры’рцӕрон,
Дӕ базыры бын ссарон ӕнцой.
6О Хуыцау, фехъуыстай мын мӕ сомытӕ,
чи Дӕ тӕрсы, уыдонимӕ мын исбон радтай.
7Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт,
фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ;
8мыггагмӕ Хуыцауы раз паддзахиуӕг куыд кӕна,
уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕй куыд хъахъхъӕной.
9Дӕ номы кадӕн зардзынӕн мыггагмӕ,
мӕ сомытӕ’ххӕст кӕндзынӕн ӕрвылбон.
Copyright information for OssIBT2022