Psalms 62
1Давиды псалом. Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди, уӕд. 2О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ,сӕумӕйӕ Дӕм тырнын.
Дӕумӕ бӕллы мӕ уд,
ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры,
Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.
3Раргом мӕм Дӕ Кувӕндоны,
федтон Дын Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъару.
4Дӕ хорзӕх мын цардӕй у зынаргъдӕр,
ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн.
5Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн,
хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл.
6Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау
райгӕйӕ Дӕ стауы ме’взаг.
7Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын,
ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ.
8Уымӕн ӕмӕ Ды — мӕ сӕрылхӕцӕг,
Дӕ базыры бын цин кӕнын.
9Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд,
Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.
10Ме сӕфтмӕ чи бӕллы,
уыдон авд дӕлдзӕхы ныххауӕнт;
11кардылӕфтыд фӕуӕнт,
хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!
12Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл.
Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты,
фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.
Copyright information for
OssIBT2022