‏ Psalms 64

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг.

2Хуыцау! Кады аккаг Ды дӕ Сионыл,
нӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзыстӕм Дӕ разы.
3Ды адӕймагӕн хъусыс йӕ куывд,
Дӕу агуры алчи.
4Мӕ тӕригъӕдтӕ мыл уӕлахиз кӕнынц;
Ды нӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ нӕ азымӕй.
5Тӕхудиаг у, Ды кӕй равзӕрстай,
Дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, уый.
Дӕ уаз Кувӕндоны, Дӕ хӕдзары
мах амондджын уыдзыстӕм.
6О, карз ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕг, фехъус нӕ!
О Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг!
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕн,
денджызы фале дард бӕстӕтӕн
Ды дӕ сӕ ныфс.
7Дӕ хъаруйы фӕрцы ӕрӕвӕрдтай хӕхтӕ,
хъомысӕй сфӕлыстай Дӕхи.
8Ды’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ,
змӕнтӕг адӕмты.
9Зӕххы кӕрӕтты Де’вдисӕйнӕгтӕй
адӕм фыр тӕссӕй ризынц,
скӕсӕн ӕмӕ Дӕ ныгуылӕны стауынц.
10Ды аудыс зӕххыл,
донӕй йӕ’фсадыс,
дӕттыс ын бӕркад.
Хуыцауы цӕугӕдон донӕй хъӕздыг у.
Ды ӕрзайын кӕныс хор —
ахӕм ӕгъдау радтай зӕххӕн.
11Йӕ ауӕдзтӕ йын донӕй бафсадыс,
ныммур ын кӕныс йӕ къуыбӕрттӕ,
ӕрфӕлмӕн ӕй кӕныс уарыны ӕртӕхтӕй,
йӕ тыллӕгыл ӕруадзыс Дӕ арфӕ.
12Дӕ хорзӕхӕй нӕ куы схайджын кӕныс,
уӕд аз — бӕркадджын,
13быдыры сӕрвӕттӕ — сойджын,
къуыбыртӕ — цинӕй фӕлыст;
14фӕзты — бирӕ фос,
дӕлвӕзтӕ нал фӕзынынц хорӕй,
цин фӕкӕнынц ӕмӕ зарынц.
Copyright information for OssIBT2022