Psalms 65
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Зарӕг. Псалом. 1Сыстаут Дунедарӕджы,ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ!
2Сыстаут Ын Йӕ ном,
скад Ын кӕнут!
3Зӕгъут Хуыцауӕн:
«Куыд тӕссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ!
Дӕ хъомысы фӕрцы Де знӕгтӕ
ӕрсӕтдзысты Дӕ разы.
4Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ
ӕрзоныг кӕнӕнт Дӕ разы,
зарӕнт Дӕ кадӕн,
Дӕ номы кадӕн зарӕнт!»
5Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ:
Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.
6Уый денджыз фестын кодта сурзӕхх;
цӕугӕдоны сӕрты фистӕгӕй цыдыстӕм
ӕмӕ цин кодтам Йӕ разы!
7Йӕ хъомысы фӕрцы
паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕнусмӕ;
Уый ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ цӕст дары,
цӕмӕй змӕнтджытӕ ма сыстой.
8Адӕмтӕ! Арфӕ ракӕнут нӕ Хуыцауӕн,
скад Ын кӕнут хъӕрӕй!
9Уый нын нӕ цард хъахъхъӕны
ӕмӕ нӕ фӕцудын нӕ уадзы.
10Фӕлвӕрдтай нӕ, Хуыцау,
стайын нӕ кодтай ӕвзистау.
11Ахсӕн хызы нӕ баппӕрстай,
хъадамантӕ ныл сӕвӕрдтай,
12адӕймаджы дӕлбар нӕ бакодтай.
Зындоны хъиамӕт бавзӕрстам мах,
ӕмӕ нӕ Ды ракодтай сӕрибармӕ.
13Дӕ Кувӕндонмӕ иууылсудзинӕгтӕ бахӕсдзынӕн,
мӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ разы —
14уынгӕг заман мӕ дзыхӕй чи рацыди, уый.
15Иууылсудзинаг нывӕндтӕ Дын ӕрхӕсдзынӕн,
хӕрзхаст фысты фиу Дын ссудздзынӕн,
галтӕ ӕмӕ сӕгътӕ Дын
ӕрхӕсдзынӕн нывондӕн.
16Хуыцауӕй чи тӕрсы,
уыдон ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ байхъусӕнт:
цы мын сарӕзта, уый уын дзурдзынӕн.
17Скуывтон Ӕм, скад Ын кодтон мӕ дзыхы дзырдӕй.
18Мӕ зӕрдӕйы хӕрамӕй исты куы уыдаид,
уӕд мын Бардарӕг мӕ куывд нӕ айстаид.
19Фӕлӕ мӕ фехъуыста Хуыцау,
мӕ куывд мын айста.
20Арфӕгонд у, мӕ куывдыл мын Йӕхи
Чи нӕ атигъ кодта,
Йӕ хорзӕхӕй мӕ Чи схайджын кодта,
уыцы Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022