Psalms 68
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Зарӕг «Хъоппӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом. 2О Хуыцау, баххуыс мын кӕн!Мӕ улӕфӕнтӕм схӕццӕ ис дон.
3Арф цъымарайы ныссагъдтӕн,
ӕмӕ дзы цӕуыл ӕрлӕууон, уый нӕй.
Хуыдымы бахаудтӕн,
ӕмӕ мӕ тагъд аныхъуырдзӕн.
4Ӕрдиаг кӕнын дӕр нал у мӕ бон,
мӕ хъӕлӕс ныффӕсус ис.
Мӕ цӕстытӕ ныуурс сты,
мӕ Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.
5Ӕнаххосӕй ӕнӕуынон кӕмӕн сдӕн,
уыдон мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты.
Сбирӕ сты ме знӕгтӕ,
азымджын нӕ дӕн,
афтӕмӕй зилынц мӕ фӕдыл.
Никӕй бастыгътон,
афтӕмӕй мӕ агурынц фиддон.
6О Хуыцау, Ды зоныс ме’нӕзонд митӕ,
мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕхст не сты Дӕуӕй.
7О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
ма мӕ фӕхудинаг кӕн,
науӕд фегад уыдзысты,
Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон,
о Израилы Хуыцау!
8Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн,
мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт.
9Ме’фсымӕртӕн сдӕн искӕйон,
мӕ мады зӕнӕгӕн — ӕцӕгӕлон.
10Дӕ Хӕдзары мӕт мӕ удхарӕй мары,
Дӕ фыдгойгӕнджыты фидистӕ мӕ фауынц.
11Ӕз дзынӕзтон ӕмӕ ком дардтон —
уый тыххӕй мын фидистӕ кӕнынц.
12Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон,
ӕмӕ мӕ ӕмбисондӕн хӕссынц.
13Сахары кулдуармӕ
адӕм мӕ фыдгой кӕнынц,
рассыггӕнджытӕ мыл айуаны зарджытӕ сисынц.
14Фӕлӕ ӕз кувын Дӕумӕ, Дунедарӕг,
хорз цӕстӕй мӕм куы кӕсыс, уыцы рӕстӕг.
Де стыр хорзӕхы фӕрцы мӕ фехъус,
фервӕзын мӕ кӕн Дӕ иузӕрдионы фӕрцы.
15Цъымарайӕ мӕ слас,
цӕмӕй дзы ма аныгъуылон,
йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй мӕ бахиз,
ӕнӕбын хуыдымӕй мӕ фервӕзын кӕн,
16науӕд мӕ йӕ уӕлныхты сисдзӕн
ӕмӕ мӕ аныхъуырдзӕн,
мӕ сӕрмӕ сӕхгӕндзӕн йӕ ком.
17О Дунедарӕг, дзуапп мын ратт,
Ды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион куы дӕ!
Ӕркӕс мӕм, Дӕ хорзӕх бирӕ куы у!
18Дӕ цагъарӕй Де’ргом ма аздах,
батагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт —
уымӕн ӕмӕ тынг тыхст дӕн!
19Ӕрцу ӕмӕ мын фервӕзын кӕн мӕ уд,
фервӕзын мӕ кӕн ме знӕгты фыддӕрагӕн.
20Ды зоныс, фидистӕ мын куыд кӕнынц,
куыд мӕ ӕгад кӕнынц,
аллайаг куыд фӕдӕн, уый!
Мӕ фыдгултӕ иууылдӕр Дӕ разы сты.
21Сӕ фидистӕй зӕрдӕсаст фӕдӕн,
басасти мӕ хъару.
Ӕнхъӕлмӕ кастӕн,
исчи мын кӕд батӕригъӕд кӕнид,
фӕлӕ ахӕм нӕ разынди;
ӕнхъӕлмӕ кастӕн ныфсӕвӕрӕгмӕ,
фӕлӕ ахӕмы дӕр не ссардтон.
22Хойраджы бӕсты мын марг радтой,
мӕ дойны та мын дзымарийӕ састой.
23Сӕ цӕл сын ахсӕн хыз фестӕд,
сӕ минасы фынгтӕ — къӕппӕг.
24Сӕ цӕстырухс сыл баталынг уӕд,
ӕндзыгнизӕй фӕсӕйӕнт,
цӕрӕнбонты ӕдзухъом куыд уой, афтӕ.
25Дӕ фыдӕхы амӕттаг бауӕнт,
Дӕ судзгӕ маст сӕ баййафӕд.
26Сӕ цӕрӕнуат гӕныстон фӕуӕд,
сӕ цатырты цӕрӕг мауал баззайӕд.
27Уымӕн ӕмӕ, Ды кӕй ӕрцавтай,
уыдонӕн сӕ фӕдыл зилынц,
кӕй барӕхуыстай, уыдоны хъизӕмарыл
цинӕй райынц.
28Ды сын сӕ алы тӕригъӕд дӕр ӕрымыс,
сӕхи сраст кӕнын сӕ ма бауадз!
29Царды чиныгӕй сын ахахх кӕн сӕ нӕмттӕ,
рӕстгӕнджыты хыгъдмӕ сӕ куыннӕ бахӕссой.
30Ӕз ӕфхӕрд дӕн ӕмӕ хъизӕмар кӕнын,
фӕлӕ мын Ды, Хуыцау, баххуыс кӕндзынӕ,
мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕндзынӕ.
31Зарӕджы ӕппӕлдзынӕн Хуыцауы номӕй,
Йе стырад Ын кады зарӕгӕй стаудзынӕн.
32Уый Дын ӕхцондӕр уыдзӕн, Дунедарӕг,
сыкъаджын ӕмӕ сӕфтӕгджын галтӕ ӕмӕ уӕнгуытӕй.
33Ӕфхӕрд адӕм уый куы феной,
уӕд бацин кӕндзысты.
Хуыцауы чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ
байдзаг уыдзысты царды ныфсӕй.
34Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хъусы
мӕгуырты лӕгъстӕтӕ,
Йӕ адӕмы уацары нӕ ныууадздзӕн.
35Стауӕнт Ӕй арв, зӕхх, денджызтӕ
ӕмӕ, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон!
36Хуыцау баххуыс кӕндзӕни Сионӕн,
сӕндидздзӕн Иудейы сахартӕ.
Йӕ адӕм та дзы ногӕй ӕрцӕрдзысты,
ӕмӕ сӕ исбойнаг зӕхх
фӕстӕмӕ сӕхи бауыдзӕн.
37Хуыцауӕн кад чи кӕны,
уыдоны байзӕддагӕн
уыцы зӕхх баззайдзӕни
фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн.
Уым-иу ӕрцӕрдзысты,
Хуыцауы чи уарзы, уыдон.
Copyright information for
OssIBT2022