Psalms 72
1Асафы псалом.Куыд ауды Хуыцау Израилыл,куыд ауды сыгъдӕгзӕрдӕтыл!
2Ӕз та, чысыл ма бахъӕуа, фӕцудон,
фӕкӕлынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди:
3ӕдзӕсгӕмттӕм бахӕлӕг кодтон,
ӕнаккӕгтӕ цардӕй къӕртт куыд ӕппарынц,
уымӕ кӕсгӕйӕ,
4сӕ цард-цӕрӕнбонты
хъизӕмар кӕй не’взарынц,
сӕ амӕлӕты онг
сӕ хъару кӕй нӕ сӕтты, уый уынгӕйӕ.
5Уыдон царды зындзинӕдтӕй хызт сты,
иннӕтау царды уӕз нӕ базонынц.
6Сӕрыстырдзинад фӕрдгуыты халау
сӕ хъуырыл ӕртыхсти,
сӕ дарӕс — ӕгъатырдзинад.
7Фырнӕрдӕй сӕ цӕстытӕ аныгъуылдысты фиуы,
сӕ зӕрдӕтӕ — чъизи монцтӕй йедзаг.
8Хынджылӕггӕнгӕ, саузӕрдӕйӕ ныхас кӕнынц,
ӕртхъирӕн кӕнынц ӕнӕввӕрсонӕй.
9Арвы ныхмӕ ныххӕлиу кодтой сӕ дзыхтӕ,
ӕгас зӕххыл уырзӕй сгары се’взаг.
10Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл,
дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!
11Уыдон фӕзӕгъынц:
«Хуыцау ӕй цӕмӕй базондзӕн?
Бӕрзӕндтыл Бадӕг афтӕ уынаг у?»
12Фыдгӕнджытӕ сӕ цард ӕрвитынц ӕдыхстӕй,
сӕ мулкыл ӕфты, афтӕмӕй.
13Уӕдӕ ӕз дзӕгъӕлы архайдтон
сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрыныл,
мӕ къухтӕ ӕназымӕй дарыныл?
14Мӕхи цы хордтон алы бон дӕр,
ӕрвылрайсом цы катай кодтон?
15Фӕлӕ ӕз афтӕ куы загътаин,
уӕд Дӕ хъӕбултыл гадзрахатӕй рацыдаин.
16Мӕн уыдӕттӕ бамбарын фӕндыд,
фӕлӕ уый тынг зын уыди,
17цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн
ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.
18Ды сын сӕ фӕндаг скӕныс бырынцъаг
ӕмӕ сӕ быныскъуыд фӕкӕндзынӕ.
19Ӕрбайсӕфдзысты ӕваст,
ӕбуалгъ уыдзӕни сӕ кӕрон.
20Куы райхъал уай,
уӕд фын куыд ӕрбайсӕфы,
афтӕ сын Ды, Бардарӕг,
фесафдзынӕ сӕ бӕллицтӕ.
21Мӕ зӕрдӕ куы байдзаг ис мастӕй,
куы тыхсти мӕ уд,
22уӕд ӕз ӕнӕзонд уыдтӕн, ницы’мбӕрстон,
фосӕй уӕлдай нӕ уыдтӕн Дӕ разы.
23Ӕз Демӕ дӕн кӕддӕриддӕр,
мӕ рахиз къухыл мын хӕцыс,
24раст фӕндагыл мӕ аразыс
ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ бакӕндзынӕ Дӕ кадмӕ.
25Уӕларв ма мын Дӕу йеддӕмӕ чи ис?
Ды мемӕ куы уай,
уӕд ницӕмӕ бабӕлдзынӕн зӕххыл дӕр.
26Слӕмӕгъ сты мӕ буар ӕмӕ мӕ уд,
фӕлӕ Хуыцау — мӕ фидар ныфс,
мӕ амонды хай мыггагмӕ.
27Дӕуӕй чи адард ис, уый фесӕфдзӕн.
Йӕ зӕрдӕ Дыл чи сивта,
уыдоны Ды се’ппӕты дӕр фесафдзынӕ.
28Мӕнӕн та Хуыцауы раз ӕхцон у:
Дунедарӕг Хуыцау — мӕ мӕсыг.
Ӕз Де’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дзурдзынӕн.
Copyright information for
OssIBT2022