Psalms 75
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Асафы псалом. Зарӕг. 2Иудейы адӕм зонынц Хуыцауы,стыр у Йӕ ном Израилы адӕмы’хсӕн.
3Йӕ цатыр ис Салимы,
Йӕ цӕрӕнбынат — Сионы хохыл.
4Уыцы ран фыдгултӕн
ныссаста сӕ зынг фӕттӕ,
сӕ уартытӕ ӕмӕ сӕ кӕрдтӕ,
тохы хӕцӕнгӕрзтӕ.
5Дӕ тӕмӕнӕй ныррухс вӕййы дуне,
Ды кадджындӕр — сырдарӕх хӕхтӕй.
6Ӕхсарджын хӕстонтӕ
фестадысты амӕттаг,
мӕрдон фынӕй баисты;
фидар хӕстонтӕй иунӕг дӕр
йӕ къух сисын нӕ бафӕрӕзта.
7О Йаковы Хуыцау, Ды сӕм бартхъирӕн кодтай,
ӕмӕ бандзыг сты бӕхтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ.
8Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау.
Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?
9Уӕларвӕй нын фехъусын кодтай Дӕ тӕрхон,
ӕмӕ дуне фыр тӕссӕй ныссабыр,
10Ды, Хуыцау, тӕрхон кӕнын куы райдыдтай
ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы сӕрыл
куы рахӕцыдтӕ, уӕд.
11Адӕмы фыдӕхы раз
Дӕ кад ноджы фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн.
Дӕ азары фӕстӕ ма чи аирвӕза,
уыдон дӕр ӕрсӕтдзысты Дӕ разы.
12Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, дзырд дӕттут
ӕмӕ-иу сӕххӕст кӕнут уӕ ныхас;
Йӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры,
уыдон иууылдӕр сӕ хуынтӕ хӕссӕнт
тасӕфтауӕг Хуыцауӕн!
13Уый бӕстыхицӕуттӕн сӕ ныфс асӕтты,
а зӕххы паддзӕхтыл тас бафтауы.
Copyright information for
OssIBT2022