‏ Psalms 77

1Асафы зондамонӕн псалом.

О мӕ адӕм, уӕ хъус ӕрдарут мӕ зонды ныхасмӕ,
ӕрбайхъусут мӕ зондамындмӕ.
2Ӕз дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй,
рагзаманты сусӕгтӕ уын ӕрхӕсдзынӕн.
3Цы фехъуыстам ӕмӕ цы базыдтам,
фыдӕлтӕ нын кӕй радзырдтой,
4уый мах сӕ байзӕддагӕй нӕ бамбӕхсдзыстӕм:
фӕстагӕттӕн ракӕндзыстӕм
Дунедарӕджы кады хъуыддӕгты,
Йӕ хъомысы, Йӕ диссӕгты кой.
5Уый Йаковимӕ сфидар кодта фидыд,
Израилӕн радта Ӕгъдау
ӕмӕ загъта нӕ фыдӕлтӕн,
сӕ сабитӕн ӕй куыд амоной.
6Нӕ фӕстагӕттӕ,
ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕ сӕ куыд зоной
ӕмӕ сӕ уыдон дӕр
сӕ сабитӕн куыд амоной сӕ рады.
7Цӕмӕй сӕ зӕрдӕ дарой Хуыцауыл,
ма рох кӕной Хуыцауы хъуыддӕгтӕ,
ӕххӕст Ын кӕной Йӕ фӕдзӕхстытӕ.
8Цӕмӕй сӕ фыдӕлты хуызӕн ма уой —
нӕсӕттон ӕмӕ змӕнтӕг фӕлтӕр,
уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ Хуыцауимӕ нӕ уыдысты,
ӕнувыд Ыл нӕ разындысты сӕ удтӕ.
9Ефремы фырттӕ,
хӕстифтонг фатӕхсджытӕ,
лидзӕг фесты тохы бон.
10Уыдон Хуыцауы фӕдзӕхст фехӕлдтой,
Йе’Гъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын нӕ бакуымдтой.
11Ферох сӕ сты Йӕ хъуыддӕгтӕ,
Йӕхӕдӕг сын кӕй фенын кодта,
Йӕ уыцы диссӕгтӕ.
12Сӕ фыдӕлты цӕсты раз
Уый диссӕгтӕ сарӕзта Мысыры,
Цоаны фӕзы:
13Уый фӕйнӕрдӕм фӕцӕуын кодта
денджызы дӕттӕ,
хъен сӕ сӕвӕрдта сисау
ӕмӕ сӕ ракодта йӕ астӕуты.
14Боныгон сӕ разӕй цыдис ӕврагъау,
ӕхсӕвыгон — арты рухсау.
15Айнӕг афаста ӕдзӕрӕг быдыры,
цӕмӕй сӕ бафсада донӕй —
раст цыма дӕтты ӕнӕбын арфӕй.
16Айнӕджы риуӕй
феггуырсын кодта суадӕттӕ,
ӕмӕ калдысты цӕугӕдӕттау.
17Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ Йӕ разы
сӕ тӕригъӕдтӕм ноджы бафтыдтой —
Бӕрзӕндтыл Бадӕджы ныхмӕ сыстадысты
ӕдзӕрӕг быдыры.
18Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой:
сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.
19Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой:
«Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры
фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?
20О, уый айнӕг ӕрцавта,
ӕмӕ дзы дон фемӕхсти,
ракалдысты суадӕттӕ.
Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта,
Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»
21Дунедарӕг сӕ фехъуыста ӕмӕ смӕсты ис,
Йӕ маст рафыхти Йаковмӕ,
артау ссыгъд Израилы ныхмӕ.
22Уымӕн ӕмӕ уыдон
сӕхи нӕ бафӕдзӕхстой Хуыцауыл,
кӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн,
уый ныфс сӕ нӕ уыди.
23Уый бардзырд радта мигътӕн
ӕмӕ арвы дуӕрттӕ байтыгъта.
24Ӕрсаха сыл кодта маннӕ —
уӕларвон дзул сын радта хойрагӕн.
25Зӕдты дзул хордтой адӕм —
бафсӕста сӕ Дунедарӕг.
26Уый арвыл сыстын кодта скӕсӕйнаг дымгӕ,
хуссайраг дымгӕ Йӕ хъаруйӕ ӕрбалӕууын кодта —
27рыгау сыл ӕруарын кодта фыдызгъӕл,
мӕргъты бын сӕ фӕкодта денджызы змисау.
28Сӕ цатырты раз сын, асадӕны,
мӕргътӕ ӕркалдта
29ӕмӕ асастой се стонг,
фыдызгъӕлӕй сӕ уӕлдай ныууагътой —
сӕххӕст сын кодта сӕ фӕндон.
30Фӕлӕ сӕ мондӕгтӕ нӕма суагътой
ӕмӕ сӕ ком нӕма равдӕлон,
31афтӕ сӕ Хуыцауы азар баййӕфта:
адӕмӕн сӕ тыхджындӕртӕ ӕрбамардысты,
Израилы тырынтӕ адӕргъ сты зӕххыл.
32Фӕлӕ уӕддӕр адӕм тӕригъӕды цыдысты,
Йӕ диссӕгтыл Ын не’ууӕндыдысты.
33Ӕмӕ сын Уый сӕ цӕрӕнбон
скаст ӕмӕ ӕркаст скодта,
сӕ бонтӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрвыстой.
34Марын-иу сӕ куы райдыдта,
уӕд-иу Ӕм раздӕхтой се’ргом,
ногӕй та-иу Хуыцауы агурын райдыдтой.
35Сӕ зӕрдыл та-иу ӕрлӕууыд,
Уый сӕ къӕдзӕх кӕй у,
Иууылбӕрзонд Хуыцау
сӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у,
36ӕмӕ Йӕ разы цурон митӕ кодтой,
сайдтой Йӕ ӕвзагӕй.
37Афтӕмӕй та Йӕм ӕндӕр зӕрдӕ дардтой,
Йӕ фидыдыл нӕ уыдысты ӕнувыд.
38Фӕлӕ Уый уарзӕгой у,
сӕ азымтӕ сын барста,
нӕ Йӕ фӕндыд сӕ фесафын.
Бирӕ хӕттыты сӕм урӕдта Йӕ маст,
Йӕ судзгӕ масты фӕдыл нӕ цыди.
39Уымӕй рох нӕ уыди,
уыдон буарӕй уӕлдай кӕй ницы сты —
чи ацӕуы ӕмӕ нал фӕзыны, уыцы уддзӕфау.
40Цал ӕмӕ цал хатты сыстадысты Йӕ ныхмӕ
ӕдзӕрӕг быдыры,
змӕлӕг кӕм нӕй, уыцы бӕсты!
41Цал ӕмӕ цал хатты фӕлвӕрдтой ӕмӕ ӕфхӕрдтой
Израилы Уаз Хуыцауы!
42Ферох сӕ ис Йӕ къухы хъомыс,
знагӕй сӕ куыд фервӕзын кодта, уыцы бон;
43Мысыры кӕй равдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ,
Цоаны фӕзы диссӕгтӕ кӕй сарӕзта;
44Мысырӕгты цӕугӕдӕттӕ
иууылдӕр туг куыд фестын кодта,
ӕмӕ сӕ дон нуазынӕн куыд нал бӕззыд;
45дзынгатӕ ӕмӕ ӕлгъаг галхӕфсыты
ахӕсты сӕ куыд фӕкодта,
цӕмӕй сӕ бацарӕфтыд кӕной;
46сӕ тыллӕг сын мӕтыхты хай бакодта,
сӕ бирӕ фыдӕбон зулчъыты амондӕн разынди;
47сӕ сӕнӕфсир сын ихӕй ныххоста,
сӕ сикомортӕ сын ныссӕлын кодта;
48сӕ фос сын фесӕфта ихӕй,
сӕ рӕгъӕуттӕ сын арв ӕрцавта.
49Йӕ судзгӕ маст сыл ныккалдта,
Йӕ азар, Йӕ фыдӕхы хай сӕ бакодта,
фыдбылыз сыл ӕруагъта
ӕмӕ сӕм сӕфты зӕдты рарвыста.
50Нал баурӕдта Йӕ маст,
марынӕй сыл нӕ бацауӕрста,
рыны амӕттаг сӕ бакодта.
51Ӕрцавта мысырӕгты зӕнӕджы хистӕрты,
фыццаггуырдты фӕцагъта Хамы цатырты.
52Ӕмӕ фыстау ракодта Йӕ адӕмы,
фосы дзугау сӕ размӕ кодта ӕдзӕрӕг быдыры.
53Йемӕ сын ницӕмӕй уыди тас,
сӕ фыдгулты та сын аныхъуырдта денджыз.
54Ӕрбакодта сӕ Йӕ уаз зӕхмӕ,
Йӕхи къухӕй кӕй райста,
Йӕ уыцы хохмӕ.
55Сӕ сӕрвӕлтау фӕсырдта адӕмты,
сӕ зӕххытӕ сын байуӕрста Израилӕн,
ӕцӕгӕлӕтты цатырты сӕ ӕрцӕрын кодта.
56Фӕлӕ Йӕ уыдон раздӕрау фӕлвӕрдтой,
Бӕрзӕндтыл Бадӕджы ныхмӕ-иу сыстадысты,
Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты.
57Сӕ фыдӕлтау Ын Йӕ зӕрдӕхудт истой,
гадзрахатӕй Йыл цыдысты,
сайдтой Йӕ тӕссонд ӕрдынау.
58Йӕ хъыджы цыдысты
сӕ уаз къуыппыты аххосӕй,
сӕ гуымирыты тыххӕй сӕм
цӕхӕртӕ калдта фыр мӕстӕй.
59Хуыцау уый куы фехъуыста,
уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти
ӕмӕ Йӕхи атигъ кодта Израилыл.
60Ныууагъта Силомы Йӕ цӕрӕн,
ныууагъта, адӕмы’хсӕн
кӕм ӕрбынат кодта, Йӕ уыцы Цатыр.
61Йӕ тыхы ӕвдисӕн уацары радта,
знаджы къухмӕ радта Йӕ кад.
62Карды комыл бафтыдта Йӕ адӕмы,
Йӕ маст ныккалдта Йӕ исбоныл.
63Ӕрыгон лӕппутӕ арты хай баисты,
чындзхӕсджыты зарджытӕ нал кодтой чызджытӕн.
64Сӕ сауджынтӕ карды амӕттаг баисты,
фӕлӕ сӕ бон кӕуын нӕ уыди сӕ идӕдз устытӕн.
65Уӕд Дунедарӕг цыма Йӕ фынӕйӕ фехъал ис,
цыма бӕгъатыр йӕ нозтӕй ӕрӕрвонг,
66уыйау Йе знӕгты Йӕ уӕлныхты айста,
ӕнусмӕ сӕ фӕхудинаг кодта.
67Уый Йӕхи атигъ кодта
Йосефы цатыртыл,
Ефремы хӕдзарвӕндаг нӕ сӕвзӕрста.
68Фӕлӕ равзӕрста Иудӕйы хӕдзарвӕндаг,
бауарзта Сионы хох.
69Уӕлӕрвтау сарӕзта Йӕ Кувӕндон,
ӕнустӕм ӕй ӕрфидар кодта зӕххау.
70Уый равзӕрста Йӕ цагъары, Давиды,
фосдарӕнтӕй йӕ ракодта,
71фысты дзугтӕй йӕ фӕиртӕста,
цӕмӕй Йын Давид хиза Йӕ адӕмы —
Йаковы байзӕддӕгты,
цӕмӕй хиза Израилы — Йӕ исбон.
72Ӕмӕ сӕ хызта сыгъдӕгзӕрдӕйӕ,
куырыхонӕй сӕ размӕ кодта.
Copyright information for OssIBT2022