‏ Psalms 79

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Хъоппӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.

2Фехъус нӕ, Хуыцау, Израилы Фыййау,
фосы дзугау Йосефы байзӕддаджы
Йӕ фӕдыл Чи кӕны, Уый!
О Херувимтыл Ӕнцайӕг,
раргом нӕм кӕн Дӕхи!
3Ефремы, Бениамины
ӕмӕ Менассиайы байзӕддагӕн
Де стыр хъомыс раргом кӕн,
ӕрцу ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕн!
4О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых,
Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм.
5О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Дӕ адӕмы куывдтытӕм кӕдмӕ мӕсты кӕндзынӕ?
6Дзулау нӕ куы бафсӕстай цӕссыгӕй,
цӕссыгты кӕхц нын бануазын кодтай дзагӕй.
7Нӕ сыхӕгтӕн нӕ хъазинаг скодтай,
хынджылӕг нӕ кӕнынц.
8Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
сног нын кӕн нӕ тых!
Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕзӕм!
9Мысыры зӕххӕй ӕрбахастай сӕнӕфсиры тала,
фӕсырдтай адӕмты, сӕ бынаты сын
уыцы тала ныссагътай.
10Йӕ алыварс мӕрмӕ йын базылдтӕ,
ӕмӕ уый ауагъта йӕ уидӕгтӕ,
йӕ талатӕ ӕгас бӕстӕйы суагъта.
11Йӕ аууонӕй ӕрӕмбӕрзта хӕхтӕ,
егъау кедрты къалиутау
райрӕзтысты Йӕ къабузтӕ.
12Денджызы онг айтыгъта йӕ къабӕзтӕ,
Евфраты доны онг — йӕ талатӕ.
13Уӕд ын цӕмӕн ныппырх кодтай йӕ бырутӕ,
йӕ цупӕлттӕ йын цӕмӕн тонынц фӕндаггӕттӕ?
14Хъӕддаг хуытӕ йӕ хӕрынц,
быдираг сырдтӕ йын йӕ уидӕгтӕ ӕхсынынц.
15Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Де’ргом нӕм раздах,
ӕркӕс уӕларвӕй ацы таламӕ,
16бахъахъхъӕн Дӕхи къухӕй сагъд сӕндон,
Де схаст фырты!
17Сӕндон басыгъди, ныццагътой йӕ,
Дӕ азарӕй Дӕ адӕм сӕфынц.
18Дӕ рахизфарс чи лӕууы
ӕмӕ Де стыр хъомысӕй кӕмӕн бахай кодтай,
уыцы адӕймагыл Дӕ арм ӕрӕвӕр,
ахъаз ын бакӕн!
19Мах Дыл никуы сивдзыстӕм нӕ зӕрдӕ;
цардмӕ нӕ раздах,
ӕмӕ Дын ссардзыстӕм Дӕ ном!
20О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
сног нын кӕн нӕ тых!
Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм!
Copyright information for OssIBT2022