Psalms 8
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: Сӕндуцджыты хъӕлдзӕг зарӕджы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом. 2О Дунедарӕг, нӕ Бардарӕг!Куыд кадджын у ӕгас зӕххыл Дӕ ном!
Уӕлӕрвтӕй фӕуӕлдӕр ис Дӕ кад!
3Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн
сыстауын кодтай Дӕхи,
Де знӕгтӕн Ды равдыстай Дӕ хъару,
цӕмӕй фыдгултӕ базоной сӕ бон.
4Де’нгуылдзтӕ цы уӕлӕрвтӕ сфӕлдыстой,
уым цы мӕй, цы стъалытӕ ӕрцауыгътой,
уыдонмӕ куы скӕсын,
5уӕд фӕзӕгъын:
«Цы у адӕймаг, ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа,
цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?»
6Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай,
кад ӕмӕ йын цыт радтай.
7Цыдӕриддӕр сфӕлдыстай — йӕ бар ын сӕ бакодтай,
ӕппӕтдӕр ын йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдтай:
8лыстӕг фос, стуртӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдты,
9уӕларвон мӕргъты, денджызы кӕсӕгты,
фурды ӕрфыты ӕппӕт змӕлджыты.
10О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!
Ӕппӕт дунейы кадджын у Дӕ ном!
Copyright information for
OssIBT2022