Psalms 85
1Давиды куывд.О Дунедарӕг, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт,уымӕн ӕмӕ мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн!
2Фыдбылызӕй мӕ бахиз,
уымӕн ӕмӕ Дыл ӕз иузӕрдион дӕн!
Фервӕзын кӕн Дӕ лӕггадгӕнӕджы,
уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ,
мӕхи Дӕуыл фӕдзӕхсын!
3О Дунедарӕг, батӕригъӕд мын кӕн,
бон-сауизӕрмӕ Дӕм дзыназын!
4О Дунедарӕг, Ды мӕ ныфс Дӕ,
Дӕ лӕггадгӕнӕджы зӕрдӕ барухс кӕн!
5О Дунедарӕг,
Ды хӕрзгӕнӕг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ,
ӕнӕкӕрон у Дӕ хорзӕх,
чи Дӕм кувы, уыдонӕн.
6Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд,
Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм!
7Мӕ тыхст бон Дӕм дзыназын,
ӕмӕ мын Ды ратдзынӕ дзуапп.
8О Дунедарӕг, хуыцӕутты’хсӕн
Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис?
Уымӕн ӕмӕ, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс,
уыдон никӕмӕн бантысдзысты!
9Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм
иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг,
ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы,
сыстаудзысты Дӕ ном.
10Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ Стыр Иунӕг Хуыцау —
диссӕгтӕ фӕлдисӕг!
11О Дунедарӕг, сахуыр мӕ кӕн
Дӕ фӕндагыл цӕуын,
цӕмӕй Дын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнон!
Мӕ зӕрдӕйы мын
Дӕ разы аргъуыцгӕнгӕ цӕрыны хъару бауадз!
12Зӕрдӕбынӕй Дӕ стаудзынӕн
ӕмӕ мыггагмӕ кад кӕндзынӕн Дӕ номӕн,
о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
13Уымӕн ӕмӕ мын Ды
Де стыр хорзӕх саккаг кодтай,
бахызтай мӕ ӕнӕбын зындонӕй.
14О Хуыцау! Сӕрыстыр адӕм
сыстадысты мӕ ныхмӕ,
фыдлӕгты бардз мӕ марынвӕнд скодта —
уыдон нӕ нымайынц Дӕу!
15Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг,
хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕ,
бирӕбыхсаг, бирӕбараг ӕмӕ иузӕрдион.
16Ӕркӕс мӕм, батӕригъӕд мын кӕн,
хъару ратт Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн,
фервӕзын кӕн Дӕ унӕуты фырты!
17Кӕй мыл аудыс,
уый нысан мын равдис;
уадз ӕмӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн,
уыдон феной, Ды мын, Дунедарӕг,
кӕй баххуыс кодтай,
ныфс мӕ кӕй бауагътай, уый
ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайой!
Copyright information for
OssIBT2022