‏ Psalms 86

1Корахы фыртты псалом. Зарӕг.

Дунедарӕг Йӕ сахарӕн
уаз хохыл ӕрӕвӕрдта бындур.
2Йаковы байзӕддаджы цӕрӕнтӕй
Дунедарӕг уӕлдай тынгдӕр уарзы
Сионы кулдуар.
3Хуыцауы сахар,
дӕ кады кой айхъуысти дӕрдтыл!

4Чи Мӕ зоны, уыдонӕн Ӕз
Рахав ӕмӕ Вавилоны кой ракӕндзынӕн;
филистимӕгтӕ, стӕй Тир
ӕмӕ Эфиопийы цӕрджытӕ зӕгъдзысты:
«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг
райгуырди уым».
5Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты:
«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг
райгуырди уым,
ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур
Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».
6Дунедарӕг адӕмты сфысты ныффысдзӕн:
«Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг
райгуырди уым.»
7Кафджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ зӕгъдзысты:
«Нӕ фарны суадӕттӕ иууылдӕр Дӕуӕй цӕуынц!»
Copyright information for OssIBT2022