Psalms 87
1Зарӕг. Корахы фыртты псалом. Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат леаннот»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Зарахы байзӕддаг Хеманы зондамонӕн псалом. 2О Дунедарӕг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕумӕ дзыназын!
3Мӕ куывд Дӕм фехъуысӕд!
Мӕ лӕгъстӕмӕ Дӕ хъус ӕрдар!
4Хъизӕмарӕй мӕлын,
мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл лӕууын.
5Ӕз сдӕн, ингӕнмӕ чи ныххызти,
хъару кӕмӕ нал ис, уыдоны’нгӕс.
6Мӕрдты’хсӕн мӕ ныууагътой;
ингӕны чи хуыссы, уыдоны —
лӕджы къухӕй кӕй амардӕуыд,
Ды хъуыды дӕр кӕй нал кӕныс
ӕмӕ Дӕ къухӕй чи фӕиртӕсти,
уыдоны’нгӕс сдӕн.
7Фехстай мӕ ӕнӕбын сӕрсӕфӕнмӕ,
сау дӕлдзӕхмӕ.
8Дӕ судзгӕ маст мыл уӕз кӕны,
Дӕ уылӕнты бын фӕдӕн.
9Фӕсырдтай мын мӕ хӕлӕртты,
ӕлгъ мыл кӕнынц.
Ахӕстау ӕддӕмӕ мӕ къах нал ӕвӕрын.
10Фыр хъизӕмарӕй мӕ цӕстытӕй ницыуал уынын.
Ӕрвылбон Дӕм дзынӕзтон, Дунедарӕг,
мӕ къухтӕ Дӕм тыгъдӕй фӕдардтон.
11Мӕрдтӕн Ды цавӕр диссӕгтӕ равдисдзынӕ?
Мӕрдты удтӕ растдзысты, мыййаг,
ӕмӕ Дӕ райдайдзысты стауын?
12Ингӕны Дӕ хорзӕхы кой чи ракӕндзӕн?
Мӕрдтыбӕсты чи ӕрымысдзӕн
Дӕ иузӕрдиондзинад?
13Талынг дунейы чи базондзӕн Дӕ диссӕгтӕ,
рохуаты бӕсты — Дӕ рӕстдзинад?
14Ӕз та, Дунедарӕг, дзыназын Дӕумӕ!
Ӕрвылрайсом Дӕм кувын!
15Дунедарӕг, цӕмӕн мыл атигъ кодтай Дӕхи,
Де’ргом мӕ цӕмӕн аздӕхтай?
16Ме’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ
хъизӕмарӕй мӕлын,
ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси мӕ уд.
Дӕ азар мӕ баййӕфта,
ӕвирхъау тас мыл ӕртыхсын кодтай,
ӕмӕ ӕз удхайраг фӕдӕн.
17Дӕ масты уылӕнтӕ акалдысты мӕ сӕрты,
стыр тас мыл бафтыдтай,
ӕмӕ асасти мӕ ныфс.
18Алы бон мыл донивылдау ӕртыхсы,
ӕрбалвасы мӕ алырдыгӕй.
19Мӕ хӕлӕртты, мӕ уарзон ӕмбӕлтты
Ды адард кодтай мӕнӕй;
талынг — мӕ иунӕг ӕмбал.
Copyright information for
OssIBT2022