Psalms 88
1Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом. 2О Дунедарӕг, мыггагмӕ зардзынӕнДе стыр хорзӕхтыл,
фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ хъусын кӕндзынӕн
Дӕ рӕстад.
3Дзурын ӕз: ӕнусон у Дӕ хорзӕх,
Дӕ иузӕрдиондзиад айтыгътай уӕлӕрвты.
[Хуыцау:]
4— Ӕз ме’взӕрстимӕ фидыд сарӕзтон,
Мӕ цагъарӕн, Давидӕн, сомы ракодтон:
5«Дӕ байзӕддагыл дын мыггагмӕ
Мӕ арм дардзынӕн,
Дӕ паддзахы бадӕн дын фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ
сфидар кӕндзынӕн».
6Дунедарӕг! Уӕлӕрвтӕ стауынц Дӕ диссӕгтӕ,
Дӕ иузӕрдиондзинад стауынц сыгъдӕджытӕ.
7Дунедарӕгимӕ кӕй абарӕн ис уӕлӕрвты?
Хуыцауы фыртты’хсӕн Дунедарӕджы хуызӕн чи у?
8Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу,
Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.
9О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг,
Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис?
О Дунедарӕг, чи у тыхджын Дӕуау?
Дӕ алыварс — Дӕ иузӕрдиондзинад.
10Ды абухгӕ денджызыл паддзахиуӕг кӕныс,
йӕ уылӕнтӕ хӕрдмӕ куы ссӕуынц,
уӕд сӕ ӕрсабыр кӕныс Ды.
11Мӕлӕтдзаг цӕф ныккодтай Рахавӕн,
Дӕ хъомысджын къухӕй Де знӕгты фӕсырдтай.
12Дӕу у арв, Дӕу у зӕхх дӕр;
Ды сфӕлдыстай дун-дуне
ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон.
13Цӕгат ӕмӕ хуссар дӕр Ды сфӕлдыстай,
Дӕ ном Дын сыстауынц Фавор ӕмӕ Ермон.
14Хъӕддых у Дӕ цонг,
хъомысджын у Дӕ къух,
Дӕ рахиз къух бӕрзонд систай.
15Дӕ паддзахы бадӕны бындур —
рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон;
Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад
цӕуынц Дӕ разӕй.
16Тӕхудиаг — уӕлахизгӕнӕг адӕм!
Дунедарӕг, сӕ алыварс — Дӕ рухс.
17Дӕ номыл цин кӕнынц ӕрвылбон,
Дӕ рӕстадӕй сты сӕрыстыр.
18Сӕ тых ӕмӕ сӕ кад Ды дӕ,
Дӕ хорзӕхы фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм.
19Дунедарӕг — нӕ уарт,
Израилы Уаз Хуыцау — нӕ паддзах.
20Дӕ сыгъдӕджытӕм цӕстылуайӕны
раргом дӕ ӕмӕ загътай:
«Ӕз баххуыс кодтон сахъгуырдӕн,
Мӕ адӕмы’хсӕн кӕй сӕвзӕрстон, уымӕн.
21Ӕз ссардтон Мӕ цагъары, Давиды,
байсӕрстон ӕй Мӕ сыгъдӕг оливӕйы сойӕ.
22Мӕ цонг ӕй фидар кӕндзӕни,
Мӕ арм ыл дардзынӕн.
23Нӕ йыл фӕтых уыдзӕни знаг,
ӕнӕхуыцау ӕй нӕ бахъыгдардзӕн.
24Ныппырх кӕндзынӕн йе знӕгты йӕ разы,
ӕнӕуынон кӕмӕн у — ныззыгуым сӕ кӕндзынӕн.
25Мӕ хорзӕх ӕмӕ мӕ иузӕрдиондзинад йемӕ сты.
Йӕ сыкъауадындзтӕ Мӕ номимӕ
уӕлахиздзауӕй сисдзӕни бӕрзонд.
26Йӕ дӕлбар ын Ӕз бакӕндзынӕн денджыз,
цӕугӕдӕттӕ йын ратдзынӕн йӕ къухмӕ.
27Уый хондзӕни Мӕн:
„Мӕ Фыд, мӕ Хуыцау, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!“
28Ӕз ӕй Мӕ фыццаг зӕнӕг скӕндзынӕн,
зӕххон паддзӕхтӕн се’ппӕтӕй уӕлдӕр.
29Мыггагмӕ йын Мӕ хорзӕх ратдзынӕн,
Мӕ фидыд Ӕз нӕ фехалдзынӕн йемӕ.
30Йӕ байзӕддаг цӕрдзӕн ӕнусмӕ,
йӕ паддзахы бадӕн арвау у ӕнусон.
31Йӕ фырттӕ Мын куы ферох кӕной Ме’гъдау,
Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы не’ххӕст кӕной,
32Мӕ фӕткӕвӕрд Мын куы фехалой,
33уӕд Мӕ лӕдзӕджы цӕф базондзысты
ӕмӕ сӕ баййафдзӕн Мӕ азар
сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.
34Фӕлӕ Мӕ хорзӕхӕй нӕ уыдзысты ӕнӕхай,
Ӕз сыл ӕдзухдӕр иузӕрдион уыдзынӕн.
35Мӕ фидыд Ӕз нӕ фехалдзынӕн семӕ,
Мӕ зӕрдӕвӕрд нӕ аивдзынӕн никуы.
36Ӕз иу хатт сомы ракодтон Мӕ сыгъдӕгдзинадӕй,
нӕ асайдзынӕн Ӕз Давиды.
37Йӕ байзӕддаг нӕ сыскъуыйдзӕн мыггагмӕ,
йӕ паддзахы бадӕн — хурӕнгӕс Мӕ разы;
38уыдзӕн ӕнусмӕ мӕйы хуызӕн фидар,
уӕларвыл ис нӕ сомыйы ӕвдисӕн».
39Фӕлӕ ныл Ды хъоды бакодтай ныр,
ӕнӕуынон Дын систӕм,
Дӕ байсӕрстмӕ Дӕ маст ссыгъди.
40Дӕ цагъаримӕ фехӕлдтай Дӕ фидыд,
йӕ кады худ ын фехстай зӕхмӕ.
41Ды йын ныппырх кодтай йӕ бырутӕ,
йӕ фидӕрттӕй йын сарӕзтай хӕлддзӕгтӕ,
42фӕндаггонтӕн сси хӕлӕттаг,
йӕ сыхӕгтӕн — хынджылӕггаг.
43Ды радтай йе знӕгтӕн уӕлахиз,
йӕ фыдызнӕгтӕн циндзинад ӕрхастай,
44йӕ хъама йын ныкъкъуымых кодтай хӕсты,
Ды тохы бон нӕ хӕцыдтӕ йӕ фарс.
45Йӕ паддзахы лӕдзӕг ын байстай,
йӕ паддзахы бадӕн ын сфӕлдӕхтай.
46Йе’взонджы бонтӕ йын фӕцыбыр кодтай,
ӕгады ном ыл сӕвӕрдтай.
47О Дунедарӕг! Кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ Дӕхи?
Кӕдмӕ калдзӕни пиллон арт Дӕ маст?
48Мӕ цард куыд цыбыр у, уый ӕрымыс.
Ау, адӕмы бынтон дзӕгъӕлы сфӕлдыстай?
49Адӕмӕй чи царди ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ федта,
мӕрдтыбӕстӕй чи аирвӕзт?
50О Дунедарӕг! Дӕ раздӕры хорзӕхтӕ кӕм сты?
Ды сомы куы ракодтай Давидӕн,
кӕй йыл уыдзынӕ иузӕрдион.
51О Дунедарӕг, ӕрымыс, фидиссаг куыд систӕм знӕгтӕн,
ӕцӕгӕлон адӕмтӕн — хынджылӕггаг,
52Де знӕгтӕ нын фидистӕ куыд кӕнынц, Дунедарӕг,
Дӕ байсӕрсты йӕ алы къахдзӕфыл куыд ӕгад кӕнынц.
53Дунедарӕг арфӕгонд у ӕнусӕй ӕнустӕм.
Аммен. Аммен.
Copyright information for
OssIBT2022