‏ Psalms 92

1Дунедарӕг у Паддзах!
Кад — Йӕ фӕлыст, хъомыс — Йӕ рон,
Уымӕн лӕууы дун-дуне фидар.
Нӕ фенкъуысдзӕн.
2Незамантӕй Дӕ паддзахы бадӕн — ӕнӕфенкъуысгӕ,
Дӕхӕдӕг та — паддзах ӕнустӕм!
3О Дунедарӕг, дӕтты уынӕр хъуысы,
абухынц дӕттӕ, ӕмбухынц ӕрвнӕрдау.
4Абухгӕ дӕтты уынӕрӕй,
денджызы знӕт уылӕнтӕй
тыхджындӕр у Дунедарӕг уӕлӕрвты!
5Дӕ уынаффӕтӕ сты ныфсы хос,
Дӕ хӕдзар ӕнустӕм
уаз рухсӕй фӕлыст у!
Copyright information for OssIBT2022