Psalms 95
1Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут,ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар!
2Зарут Дунедарӕгӕн,
арфӕ кӕнут Йӕ номӕн,
бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут!
3Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл,
ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.
4Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр у,
ӕппӕлыны аккаг у Уый,
ӕппӕт хуыцӕуттӕй — тӕссагдӕр.
5Адӕмтӕн сӕ хуыцӕуттӕ — гуымирытӕ,
Дунедарӕг та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ.
6Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй;
Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.
7Адӕмтӕ, сыстаут Дунедарӕджы,
стаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!
8Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут,
бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ.
9Бакувут Дунедарӕгӕн
Йӕ сыгъдӕг кады рухсы!
Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз
ӕмризӕджы нырризӕд!
10Фехъусын кӕнут адӕмтӕн:
«Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны!»
Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар,
нӕ фенкъуысдзӕн;
Дунедарӕг адӕмтӕн
раст тӕрхон кӕндзӕн.
11Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр,
цинӕй райӕд зӕхх;
ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ,
йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;
12райгонд уӕнт фӕзтӕ
ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон,
хъӕды бӕлӕстӕ иууылдӕр ныццин кӕнӕнт
13Дунедарӕджы раз,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрцӕудзӕн —
тӕрхон кӕнынмӕ зӕххӕн.
Уый дунейӕн тӕрхон кӕндзӕни рӕстдзинады,
Йӕ ӕцӕгады домӕнтӕм гӕсгӕ.
Copyright information for
OssIBT2022