‏ Psalms 1

1Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы,
тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы,
фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.
2Дунедарӕджы Ӕгъдау адджын кӕмӕн у,
Дунедарӕджы Дзырд
ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ зӕрдыл чи дары!
3Уый у доны был сагъд бӕласау,
йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц,
йӕ сыфтӕр кӕмӕн не’руайы.
Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.
4Ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕндӕр у сӕ хъысмӕт:
уыдон сты, дымгӕ кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымау.
5Фыдгӕнӕг не сраст уыдзӕни тӕрхоны,
тӕригъӕдджын — рӕстудты ӕхсӕн.
6Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ
Дунедарӕг Йӕ цӕст дары,
фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.
Copyright information for OssIBT2022