Psalms 10
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ!Куыд мын дзурут уӕд:
«Хӕхтӕм атӕх маргъау!»
2Мӕнӕ фыдгӕнджытӕ айвӕзтой се’рдын,
фат ӕрбавӕрдтой ӕрдынбосыл —
талынджы рӕстзӕрдӕты фехсынӕн.
3Алцыдӕр йӕ бындурӕй куы фехӕлди,
уӕд ма рӕстуды бон цы у?
4Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны,
Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты!
Йӕ цӕст дары адӕммӕ,
фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.
5Дунедарӕг рӕстуды фӕлвары;
ӕнӕхуыцау, тыхмиуарзаг
ӕнӕуынон сты Йӕ удӕн.
6Уый фыдгӕнджытыл
судзгӕ’взалытӕ, сондон
ӕруарын кӕндзӕн къӕвдайау,
судзгӕ зилгӕ уад — сӕ хай.
7Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст у,
уарзы рӕстдзинад;
рӕстуд Ын фендзӕни Йӕ цӕсгом.
Copyright information for
OssIBT2022