Psalms 100
1Давиды псалом.Иузӕрдиондзинад ӕмӕ раст тӕрхонстауын мӕ зарӕджы,
Дӕуӕн зарын, Дунедарӕг!
2Раст фӕндагыл у мӕ сагъӕс ӕдзух,
кӕд мӕм ӕрцӕудзынӕ?
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕз цӕрын мӕ хӕдзары,
3ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй
ницы сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз.
Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивӕг
ӕнӕуынон у мӕнӕн,
ӕмгӕрон ӕм не’рцӕудзынӕн.
4Мӕнгардӕй мӕм ницы ис,
фыддзинадӕй мӕхи хизын.
5Фӕсвӕд искӕуыл цъыф чи калы,
уыдоны дзыхтӕ сӕхгӕнын,
сӕрхызт ӕмӕ ӕнӕввӕрсонӕн нӕ барын.
6Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон
бӕстӕйы иузӕрдионтӕм,
мӕхимӕ сӕ ӕрбахӕстӕг кӕнын.
Раст фӕндагыл чи цӕуы,
уый мын лӕггад кӕндзӕни.
7Мӕнгардӕн мӕ хӕдзары бынат нӕй,
мӕнг дзурӕгӕн мӕ цӕсты раз
бынат нӕ разындзӕн.
8Ӕрвылрайсом ӕнаккӕгты
цӕгъдын зӕххыл,
Дунедарӕджы сахарӕй
фесафдзынӕн фыдгӕнджыты.
Copyright information for
OssIBT2022