‏ Psalms 101

1Рыст адӕймаджы куывд, Дунедарӕджы раз йӕ зӕрдӕйы хъыгтӕ куы раргом кӕны, уӕд.

2О Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ куывд,
мӕ дзыназын Дӕм сыхъуысӕд.
3Ды Де’ргом ма аздах мӕнӕй,
мӕ хъыджы бон мӕм Дӕ хъус ӕрдар,
куы Дӕм дзыназон —
дзуапп мын ратт ӕвӕстиатӕй.

4Фӕздӕгау фӕивгъуыйынц мӕ бонтӕ,
судзынц ме стджытӕ ӕхсидавау.
5Мӕ зӕрдӕ — цӕф,
бахус ис кӕрдӕгау,
хӕрды мӕт дӕр мӕ ферох ис.
6Мӕ фыр рыстӕй ӕз царм ӕмӕ стджытӕ фестадтӕн,
7ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕг уыгау сдӕн,
мӕ рӕстӕг уыйау хӕлддзӕгтыл ӕрвитын.
8Уӕлхӕдзары иунӕгӕй фӕбады цъиу,
ӕз уыйау ныр фынӕй нӕ кӕнын, бадын.
9Фауынц мӕ ӕрвылбон ме знӕгтӕ,
кӕнынц хынджылӕг, ӕлгъитынц искӕй мӕ номӕй.

10Хӕрын фӕнык ӕз дзулау,
мӕ дон цӕссыгтимӕ схӕццӕ.
11Дӕ маст у уый, ӕз бавзӕрстон Дӕ азар,
бӕрзонд мӕ систай, стӕй мӕ фехстай зӕхмӕ.
12Мӕ царды бонтӕ ивгъуыйынц аууонау,
ӕз баруадтӕн кӕрдӕгау.
13Дунедарӕг, Ды ӕнусон дӕ,
ӕмӕ Дӕ кой фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ нӕ фесӕфдзӕн.
14Ды растдзынӕ ӕмӕ Сионӕн фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ,
ныххатыр кӕнын афон ын ӕрцыд,
ӕрхӕццӕ ис йӕ рӕстӕг.
15Суанг йӕ дуртӕ дӕр ын бауарзтой Дӕ цагъартӕ,
йӕ рыг дӕр нын сси зынаргъ.
16Дунедарӕджы номӕй адӕмтӕ тӕрсдзысты,
ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ риздзысты Дӕ кады раз.
17Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рацараздзӕни Сион,
Йӕ кадимӕ нӕм равдисдзӕни Йӕхи.
18Ӕнӕбонты куывд фехъусдзӕни Уый,
нӕ атигъ кӕндзӕни Йӕхи сӕ куывдтытыл.
19Ног фӕлтӕртӕн уыдӕттӕ ныффысдзысты,
фидӕны фӕлтӕр Дунедарӕджы стаудзысты.
20Уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ уаз бӕрзӕндӕй ракасти,
Дунедарӕг зӕхмӕ’ркасти уӕларвӕй —
21ахст адӕмӕн фехъуыста сӕ куывд,
мӕлинӕгтӕн сӕрибар радта,
22цӕмӕй Сионы Дунедарӕджы ном хъусын кӕной,
цӕмӕй Йын скад кӕной Йерусалимы —
23адӕмтӕ’мӕ паддзахӕдтӕ куы’рӕмбырд уой
Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынмӕ, уӕд.

24Мӕ тых мын басаста Дунедарӕг мӕ фӕндагыл,
фӕкъаддӕр мын кодта мӕ царды бонтӕ.
25Ӕз загътон: «О мӕ Хуыцау!
Мӕ цард мын ма аскъуыйын кӕн ӕрдӕгыл,
Дӕ азтӕ Дӕуӕн — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
26Ды незаманты зӕххӕн ӕрӕвӕрдтай бындур,
Дӕ къухӕй конд у арв дӕр.
27Уыдонӕн ӕрцӕудзӕнис кӕрон,
Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ;
уыдон алӕзӕрдзысты дарӕсау,
пӕлӕзау сӕ раивдзынӕ Ды,
ӕмӕ нал уыдзӕни сӕ кой дӕр.
28Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ,
Дӕ азтӕн нӕй кӕрон.
29Дӕ цагъарты цот цӕрдзысты,
ӕмӕ сӕ мыггаг нӕ сыскъуыйдзӕн
Дӕ цӕсгомы раз».
Copyright information for OssIBT2022