‏ Psalms 104

1Сыстаут Дунедарӕджы,
арут Ын Йӕ ном,
адӕмты’хсӕн Ын хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.
2Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут,
хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.
3Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй,
Дунедарӕджы чи агуры,
уыдон цинӕй райӕнт!
4Агурут Дунедарӕджы,
агурут Ын Йӕ хъомыс,
кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ.
5Ма рох кӕнут Йӕ диссӕгтӕ,
Йе’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ тӕрхӕттӕ.
6Сымах — Йӕ цагъар Авраамы байзӕддӕгтӕ,
Йаковы фӕдонтӕ, Йе’взӕрстытӕ.
7Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау,
ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.
8Мыггагмӕ дӕр нӕ рох кӕны Йӕ фидыд,
мин фӕлтӕрӕн кӕй бафӕдзӕхста,
9Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта,
Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.
10Йӕ сомы уагӕвӕрдау радта Йаковӕн,
ӕнусон фидыдау — Израилӕн.
11Уый загъта:
«Ханааны зӕхх уын
фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн».
12Сӕ нымӕц чысыл куы уыд нырма,
ӕрцӕуӕггӕтӕ куы уыдысты уыцы ран,
13уӕд хӕтӕнхуагӕй иу бӕстӕйӕ иннӕмӕ,
иу паддзахадӕй иннӕмӕ цыдысты.
14Фӕлӕ сӕ Уый никӕмӕн уагъта ӕфхӕрын,
паддзӕхтӕн-иу бардзырд радта:
15«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты,
мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».
16Стонг заман ӕруагъта зӕххыл,
иу ӕфсир нӕ ныууагъта бӕстыл.
17Уӕд сын сӕ разӕй Йе’взӕрст лӕджы арвыста:
цагъары номыл уӕй ӕрцыд Йосеф.
18Йӕ къӕхтыл ын хъадамантӕ скодтой,
йӕ хъуыр ын ӕфсӕйнагӕй ӕрбалвӕстой,
19цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст ис, уӕдмӕ.
Дунедарӕг ӕй бафӕлвӕрдта Йӕ ныхасӕй.
20Паддзах радта суӕгъд кӕныны бардзырд,
адӕмты хицау ын радта сӕрибар.
21Сӕвӕрдта йӕ хицауӕй йӕ хӕдзары,
йе’ппӕт исбон бакодта йӕ бар,
22йӕ барджынтӕн сси сӕ хицау,
йӕ хистӕртӕн ын зонд амонын райдыдта.
23Ӕмӕ Мысырмӕ’рбацыдис Израил,
ӕрбынат кодта Хамы зӕххыл Йаков.
24Ӕмӕ Хуыцау сбирӕ кодта Йӕ адӕмы,
ӕмӕ йӕ скодта йе знӕгтӕй тыхджындӕр.
25Ӕнӕуынон сын фестын кодта Йӕ адӕмы,
Йӕ цагъарты ныхмӕ Йын сарӕзтой фыдвӕнд.
26Уый арвыста Йӕ цагъар Моисейы,
стӕй Йе’взӕрст Аароны.
27Хамы зӕххыл сын равдыстой
Йе’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ диссӕгтӕ,
28Уый радта бардзырд талынг ӕмӕ тарӕн,
ӕмӕ йын байхъуыстой Йӕ ныхасмӕ.
29Сӕ дон сын фестын кодта туг,
сӕ кӕсӕгтӕ сын амардта.
30Галхӕфсытӕй нал зынди сӕ зӕхх,
байдзаг сӕ ис паддзахӕн йӕ уат.
31Уый загъта, ӕмӕ сасчытӕ фӕзындысты,
сӕ зӕхх ӕгасӕй байдзаг ис дзынгатӕй.
32Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их,
пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.
33Ныссаста их сӕ сӕнӕфсиртӕ, легъуи бӕлӕстӕ,
ӕгас зӕххыл дӕр бӕлӕстӕ ныццагъта.
34Уый загъта, ӕмӕ фӕзындысты мӕтыхтӕ,
ӕнӕнымӕцӕй апырх ис къуыдыргалм;
35кӕрдӕджы мур дӕр нал ныууагътой зӕххыл,
сӕ быдырты дӕр нал баззади халсар.
36Сӕ фыццаггуырдты иууылдӕр ныццагъта,
ӕмӕ сын басаста сӕ хъару.
37Сыгъзӕрин ӕмӕ’взистимӕ ракодта Израилы,
сӕ мыггӕгты’хсӕн алчидӕр — сӕрӕгас.
38Ныццин кодта Мысыры зӕхх сӕ рацыдыл:
стыр тас бауагътой мысырӕгты.
39Уый мигъӕй бамбӕрзта Йӕ адӕмы,
ӕхсӕв сын рухсӕн арты цӕджындз дардта.
40Лӕгъстӕ Йын кодтой — рарвыста уӕрццытӕ,
уӕларвон хойрагӕй сӕ ӕфсӕста,
41Уый акъӕртт кодта айнӕг — ракалд дон,
ӕнӕдон зӕххыл анхъӕвзта цӕугӕдон:
42нӕ Дзы ферох Йӕ уаз дзырд,
Йӕ зӕрдӕвӕрд Йӕ цагъар Авраамӕн.
43Райгондӕй ракодта Йӕ адӕмы,
Йе’взӕрст адӕмы рацӕуын кодта хъӕлдзӕгӕй.
44Ӕмӕ сын радта адӕмты зӕххытӕ,
ӕндӕр адӕмты фӕллӕйтӕ сӕ исбон баисты,
45цӕмӕй Йын ӕххӕст кӕной Йӕ уагӕвӕрдтӕ,
Йе’гъдӕуттӕ Йын хъахъхъӕной.
Алелуйа!
Copyright information for OssIBT2022